05 сентября 2019, 13:21
Алы районтæй 30 лæппу æмæ чызджы ацыдысты Хъырыммæ
Фæсивæды афæндараст кæнынмæ æрбацыд Таймазты Артур
Кæд официалон æгъдауæй нæ республикæйы ног ахуыры аз райдыдта, уæддæр иуæй-иу скъоладзаутæн та сæ фæлладуадзыны рæстæг цæуы дарддæр. Алы районтæй 30 лæппу æмæ чызджы ацыдысты Хъырыммæ. Уыдон сты, сæ ахуыры стыр æнтыстдзинæдтæ чи равдыста, уыдон. Денджызы уыдзысты 2 къуырийы. Фæсивæды афæндараст кæнынмæ æрбацыд Таймазты Артур. Паддзахадон Думæйы депутаты зæрдæ сын загъта, цæмæй сæ фæллад дзæбæх суадзой, ног тыхтимæ æрлæууой сæ ахуыры фæндагыл, æмæ равдисой хорз спортивон цæттæдзинад.
темæмæ гæсгæ




