филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:44 суббота, 31 января 2026
23 июня 2023, 10:53
Алыбекты Эллæйы пресс-конференци: нысанон æвзарæн къамисы куысты райдиан, инклюзивон ахуырады райрæзт

Министр куыд бафиппайдта, афтæмæй иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæ дæтгæйæ закъонхæлдтытæ зынгæ фæкъаддæр сты

Нысанон æвзарæн къамисы куысты райдиан, ахуыргæнджытæн æмбæлгæ  уавæртæ, инклюзивон ахуырады райрæзт. Ацы æмæ æндæр фарстатыл ныхас цыди республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министримæ пресс-конференцийы.  Алыбекты Эллæ куыд загъта, афтæмæй æдæппæтæй нысанон бынæттыл сæ зæрдæ дарынц 5 сæдæ фæндзай авд адæймаджы. Хыгъд цыдысты цæттæдзинады алы къабæзтæ, медицинон æмæ сфæлдыстадонæй фæстæмæ. Министр куыд бафиппайдта, афтæмæй иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæ дæтгæйæ закъонхæлдтытæ зынгæ фæкъаддæр сты. Ацы аз дзы хыгъд æрцыди 54. Къаддæр у фæлварæнтæй кæй рарвитынц, ахæм рауагъдонты нымæц дæр, уыдон та ацы сезон уыдысты 13. Пресс-конференцийы ма куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй ацы къабазы сæйраг хæстæй сты, республикæйы инклюзивон ахуырады рæзт, скъоладзауты тæвд хæринагæй ифтонг кæнын, ахуыргæнæндæтты бындурон цалцæг, стæй æрыгон ахуыргæнджытæн æххуыс кæнын. Бирæтæ сæ куыстæй ацæуынц фыццаг афæдз. Уымæ гæсгæ аразын хъæуы æмбæлгæ уавæртæ, хъуыддаг сраст кæнынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania