Бирæ азты хъæдын бæстыхаймæ æмбæлгæ цæстдард нæ уыд æмæ цæрынæн нал бæззыд. Адæмæн дзы уыд тæссаг. Уымæ йæ 5 азы размæ сæхгæдтой. Ныр æм базылдысты. Уыцы иу рæстæг дзы цæрынæн бынæттæ ис 30 адæймагæн.
Приют байгом кæныны кадджын мадзалы архайдта республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Таболты Сергей. Куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны хицауад, фæллойы æмæ социалон рæзты министрад сæ хæсын нымайынц зын уавæры чи бахауд, уыцы адæмæн баххуыс кæнын. Ссардтой фæрæзтæ æмæ приютæн балхæдтой хъæугæ кусæнгæрзтæ æмæ хæдзары дзуамæттæ.
Къесаты Валерий, æнæ хæдзарæй чи баззад æмæ тæссаг уавæрты чи бахауд, уыдоны цæрæнуаты хицау: «Кæмæн нæй нæ дæр пенсии, нæ дæр æндæр царды фæрæзтæ, уыдонæн конд у ацы хæдзар. Æмæ дзы цы уавæртæ сарæзтой, уыдон дзуапп дæттынц домæнтæн. Ис дзы дзæбæх хæринаггæнæн, хуыссæнтæ федтат. Палатæтæ сты 4- 8 хуыссæны кæм ис. Фæлæ нæ куыс т ууыл арæзт у æмæ нæм чи æрбацæуы, уый фæстæмæ адæмы æхсæнмæ бацæуа. Ууыл архайдзысты сеппæт куысджытæ».




