филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:16 воскресенье, 01 февраля 2026
25 марта 2020, 19:05
Амалхъом адæймаджы фæндтæ æмæ хицауады æххуыс куы баиу вæййынц, уæд, æнæмæнг, рауайы хорз хъуыддаг

Кировыхъæуккаг æрыгон фермерæн йæ бæллиц уыди хи чысыл хæдзарад саразын, æмæ ныр йæ фæндтæ йæ къухы фтын райдыдтой

Амалхъом адæймаджы фæндтæ æмæ хицауады æххуыс куы баиу вæййынц, уæд, æнæмæнг, рауайы хорз хъуыддаг. Кировыхъæуккаг æрыгон фермерæн йæ бæллиц уыди хи чысыл хæдзарад саразын, æмæ ныр йæ фæндтæ йæ къухы фтын райдыдтой.

22-аздзыд Мамиаты Хъазбег йе скъæт сарæзта йæхæдæг. Фæлæ дзы цæмæй фос фæзына, уымæн ын æхца нал сфаг ис. Æрыгон лæппу æххуысагур бацыд республикæйы сæргълæууæгимæ амбырдмæ Æрыдоны районы, æмæ йын Битарты Вячеслав баххуыс кодта. Афтæмæй къуырийы фæстæ Хъазыбег самал кодта 10 стуры.

Фермерон хæдзарады куыст Хъазбег фыццаг аз нæ кæны. Æмæ уымæн зыдта цавæр стуры мыггаг йæ хъæуы, уый. Равзæрста Абердин, Красностепный, Швиц, Казахаг урссæр. Дарддæр æй фæнды йæ хæдзарад фæуæрæхдæр кæнын.

Мамиаты хæдзарады ма стурвосæй дарддæр дарынц хуытæ, фыстæ æмæ кæрчытæ. Æрыгон фермер фæнд кæны хъуццытæ балхæнын дæр.

Хъазыбеджы фарсмæ æдзухдæр вæййы йæ хистæр фсымæр. Иумæ кæнынц фосы куыст.

Мамиаты Хъазбег республикæйы сæргълæууæджы æххуысæй тынг разы у. Уыимæ æххуыс æнкъары иннæ бæрнон кусджытæй дæр. Зæгъæм, республикæйы экологийы æмæ æрдзон æвæрæнты министр Мамиаты Черменæй. Абоны рæстæджы та йæ рох нæ кæны  экологийы æмæ природный ресурсты министр Мамиаты Чермен. Хорз хъуыддæгтæ зæрдыл дарын хъæуы, зæгъы фермер. Йæхæдæг дæр фидæны фæнд кæны адæмæн йе ххуысы хай хæссын. Æрмæст бардæйыл мæймæ хардз кæны дæс мин сомы, хъæмпыл та æвдай мины. Хъазыбеджы хуызæн райдайгæ фермæртæн паддзахады æххуыс тынг ахсджиаг у. Хъæууон хæдзарады райрæзт у Ирыстоны сæйрагдæр фарстатæй иу. Фыццаг къахдзæфтæ конд æрцыдысты, æнтыстдзинад та уарзы фæразон адæмы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania