Ныртæккæ артисттæн ног кæнынц сæ костюмтæ, цалцæг кæнынц репетицион зал дæр
Ирон культурæ æмæ истори кафæн сфæлдыстады. Паддзахадон академион ансамбль «Алан» 80 азæй фылдæр фæлтæрæй-фæлтæрмæ хæццæ кæны ирон хореографийы бындуртæ. Ныртæккæ артисттæн ног кæнынц сæ костюмтæ, цалцæг кæнынц репетицион зал дæр. Ансамблы ног уавæрты æмæ ног сфæлдыстадон фæндты тыххæй радузрдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Рагон орнаменты нывæфтыдтæ цыма ирон адæмы хæзнадонмæ ахонынц, уый хуызæн. Национ костюм – куыд гом чиныг. Йæ фæрцы ис базонгæ уæвын адæмы историимæ, дуне сæ цæстæнгасæй фенын. Ахæм уæлæдарæс хуыйыны размæ æрмдæсныты къорд æркæсы сæрмагонд литературæмæ. Алы къахдзæф дæр ирон кутюрье Годжысаты Изольдæйы разамындæй. Алы элементæн дæр ис прототип. Сæйраг хæс у дарысæй йæ рафæлхатын. Хатдзæгтæ дисы æфтауынц.
Ансамбль «Алан»-имæ Годжысаты Изольдæ кусы 50 азы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ артисттæ цы костюмты кафынц, уыдоныл 25 азы цæуы. Уымæ гæсгæ паддзахадон ансамблы гардероб сног кæныныл уайтагъд сразы ис.
Аивадуарзджытæ нæ зонынц, ахæм зындгонд гуырыконд цæмæй уа, ууыл артисттæ куыд кусынц. Сценæмæ мидбылхудгæйæ рацæуыны размæ, кафджытæ æрвылбон алы къух æмæ къахайст дæр сахатгай фæахуыр кæнынц. Репитицийы дæр æххæстхъаруйæ архайынц, цыма бæрнон концерт у, уый хуызæн.
Фæлмæндзинад æмæ граци. Ацы ныхæстæ хауынц Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисткæ Нонна Зюзинæмæ. Йæ алы змæлд дæр у курдиатæй æххæст. Ног сезоны нысан кæны ног репертуар. Æрмæст репитицитæ ныр цæуынц ансамль «Хæхты сывæллæтты» залы.
«Алан»-ы сæйраг кæфтытæ – «Симд», «Хонгæ», «Чызджыты» æмæ се *ппæтæн уарзон чи сси, уыцы кафт «Мах – Алантæ». Артисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй рæстæгимæ аивадуарзджыты дисы æфтауын зындæр у. Къорды фыццаг хыгъдтæ бæрзон æмвæзадмæ систой «Алан»-ы ном. Ныр ансамбль цы ног кæфтытæ æвæры, уыдоны *хсæн ис, цæцæйнаг хореографтимæ иумæ кæцытыл кусынц, ахæмтæ.
Ансамблы артисттæн кафт у алæмæты аивад. Фæлæ æнæахуырст репетицион залы, саст автобусы æмæ зæронд костюмты сфæлдыстадон тыхтæ ссарын зын у. Сæ уарзон бынатмæ артисттæ бацæудзысты декабры. Ам баивтой станоктæ, уыдысты къорды ветеранты æмгар. Сæвæрдтой ног вентиляцион системæ дæр. Раздæр дзы ахæм уæвгæ дæр нæ уыд.
15-æм ноябры ансамбль «Алан» рацæудзæн ирон театры сценæмæ хæрзаудæн концерты архайгæйæ. Декабры кæрон та йын уыдзæн дзуапдæттæн концерт ног программæимæ.




