филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:26 пятница, 17 мая 2024
14 октября 2021, 11:57
Ансамбль «Алан» 80 азæй фылдæр у зæгъæн ис республикæйы «цæсгом»

Аппаратон æмбырдтæй иуы, ансамблы риссагдæр фарстатæм йе ргом аздæхта Сергей Меняйло

Ансамбль «Алан» 80 азæй фылдæр у зæгъæн ис республикæйы «цæсгом». Аппаратон æмбырдтæй иуы, ансамблы риссагдæр фарстатæм йе ргом аздæхта Сергей Меняйло. Республикæйы Сæргълæууæг культурæйы министрадæн бабар кодта, паддзахадон ансамблы рæзты программæ бацæттæ кæнын.

Камерæ дæр æрмæст хореогрæфы бардзырдмæ гæсгæ æркусы. Репетици райдайы райсомы фараст сахатыл. Æрæджы кæнæн æм нæй. Оркестры музыканттæ, кафджытæ, костюмертæ — сеппæтдæр змæлынц кавказаг мелодиты ритммæ гæсгæ. Ам кафджытæ дзурынц аивады æвзагыл. Ныхæсты бæстæ — цæхæртæкалгæ змæлд. Ахæм у кафты философи. Алы фезмæлды дæр ис йæхи, сусæг хъуыды. Дзæгъойты Майæ ансамблы ис 14 азы дæргъы. Солисткæ куыд зæгъы, афтæмæй уыцы рæстæг нымад у йæ царды хуыздæрыл. Æхысзгонæй æрымысы репетицитæ, концерттæ, гастролæ. Уый тыххæй йын уæлдай зын сты, ансамблы раз цы цæлхдуртæ сырæзтысты, уыдон.

Бæстыхай рагæй нæ уыд бындурон цалцæг. Кафæн ифтонгарз та хъуыды кæны ансамблы фыццаг артистты уддзæф. Нæй дзы гæрзтæхсæн цех дæр, костюмтæ та фæстаг хатт бахуыдтой аст азы размæ.

Артисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй исынц чысыл мызд. Семæ разы у аивадон разамонæг Къозаты Зелимхан. Ацы бынатмæ йæ снысан кодтой уалдзæджы.

Аивадуарзджытæ хорз хъуыды кæнынц Зелимы цæхæртæкалгæ кафт хъаматиæ. Кæддæр Къозайы-фырт йæхæдæг архайдта ансамблы. Нæуæдзæм азты дыууæ азы дæргъы куыста Америкæйы. Уыдис Австрали, Африкæ, Азийы. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, Аланы райрæзтæн бирæ мадзæлттæ ис, фæлæ сæ сæххæст кæнынмæ æхца нæ фаг кæны.

Алан бирæ хæттыты ссис алыхуызон конкурсты уæлахиздзау. Афæдзæй афæдзмæ коллективмæ æрбацæуынц ног курдиатджын адæм. Гамаонты Янæ у æппæты æрыгондæр солисткæ, фæлæ йæ ныридæгæн банкъардта, кафтæн цы æгæрон тых ис, уый. Уыцы тыхы фæрцы куыд кафæг, афтæ аивадуарзæджы зæрдæйы æвзæрынц æмбал кæмæн нæй ахæм æнкъарæнтæ

Ансамблы æрмæст фæлтæртæ нæ ивынц. Азæй азмæ фæзынынц ног кæфтытæ æмæ æвæрдтытæ. Уыдон сты куыд кавказаг, афтæ уырыссаг адæмон кæфтытæ дæр. Уыцы мадзæлттæ аразынц, цæмæй ансамльмæ уа алы фæлтæрты цæстдард

Ансамблы солисттæн кафт у сæ миддуне, сæ бæллиц. Фæлæ саст автобус, зæронд костюмтæ æмæ кæлæддзаг агъуыстыты аивадæн лæггад кæнын тынг зын у.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania