филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:51 воскресенье, 01 февраля 2026
22 ноября 2019, 15:23
Ансамбль «Алан»-ы цур арæзт сывæллæтты студи сæхгæныны алыварс ныр цалдæр боны цæуынц быцæутæ

Йæ разамынд фехъусын кодта, 2 азы размæ цы кафджыты секци байгом, уымæн йæ куыст, цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ, æрлæууыд, зæгъгæ.

Паддзахадон академион ансамбль «Алан»-ы цур арæзт сывæллæтты студи сæхгæныны алыварс ныр цалдæр боны цæуынц быцæутæ. Йæ разамынд фехъусын кодта, 2 азы размæ цы кафджыты секци байгом, уымæн йæ куыст, цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ, æрлæууыд, зæгъгæ. Фæлæ ныййарджыты хъæппæрисджын къорд уыимæ разы нæу. Куыд зæгъынц, афтæмæй паддзахадон ансамблæн нæй ахæм бар, цæмæй сæ кæстæртæн республикæйы хуыздæр хореогрæфтæм ахуыр кæнынæн фадат ма дæттой, уый. Æрцыдысты иу хъуыдымæ, æви нæ, уый тыххæй бæстон радзурдзæн Моргуаты Ладæ.

Фæлæ рацыд 2 азы, æмæ Тедейы-фырт йæ фæнд аивта. Майы сæхгæдта къорд, уыимæ ныййарджытæн нæ фехъусын кæнгæйæ. Æрмæст  сентябры, каникулты фæстæ, сывæллæттæ цингæнгæйæ ансамбльмæ куы æрбацыдысты, уæд сæ размæ дуæрттæ сæхгæдтой. 

Аланы аивадон разамонæгимæ агуырдтой фембæлд, фæлæ сын ницы рауад. Æрмæст ацы бонты цалдæр ныййарæджы бон сси йæ кабинетмæ бахауын.

Тедеты Руслан куыд зæгъы, афтæмæй æвзонг кафджыты къорд ансамбль «Алан»-ы  нысанмæ арæзт программæмæ бахæссын разамынды бон не сси.  Паддзахадон ансамблы æмрæнхъ та хъуамæ сывæллæттæ ма кафой. 

Фарста æнцонтæй нæу. Ам ныхас цæуы 250 сывæллоныл, чи зоны се ппæт аивады бæрзæндтæм не схиздзысты, фæлæ иу у бæлвырд, се ппæт кæй æууæндыдысты сæ бæллицыл.  Ам базыдтой æмæ бауарзтой сæ разамонæджы Хъыргъаты Маринæйы дæр æмæ сæ фæнды, дарддæр дæр иу аивадон фæндагыл цæуын. Æрмæст кæм ис уыцы фæндаг, уый хъæуы сбæлвырд кæнын. Ныййарджыты æмæ сывæллæтты фæнды ансамблы баззайын, фæлæ сын культурæйы министр бахаста фæндон раивын сæ «Металургты» галуанмæ.

Фæлæ ныййарджытæ уыцы фæндониæ разы не сты. Цавæр аххосæгтæм гæсгæ, уый тыххæй къорды минæвæрттæ фехъусын кодтой министрæн.

Нæ цæуы транспорт, тар, бæлæстæй æхгæд ран, стæй дзы нæй кафынæн сæрмагонд бынат æмæ кусæнгæрзтæ. Уыдон сты ахсджиаг  фарстатæ, лыстæг хъуыддæгтыл нæ дзургæйæ. Кæронбæттæн хатдзæгмæ министр æмæ ныййарджытæ æрцыдысты, кæй сæ хъæуы ансмблы абоны разамонæг Тедеты Русланимæ дæр фембæлын æмæ кæрæдзимæ байхъусын. Чи зоны, иумæйаг фембæлдæй иу хъуыдымæ æрцæуиккой æмæ 250 сывæллоны бæллицтæ кæйдæр фæндонты аххосæй мынæггонд не рцæудзысты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania