Коллектив архайдта æппæтуæрæсеон хореографион аивады конкурс «Пересвет»-ы Сочийы
Ансамбль «Хæхты сывæллæттæ» радон хатт равдыста стыр æнтыстдзинæдтæ. Коллектив архайдта æппæтуæрæсеон хореографион аивады конкурс «Пересвет»-ы Сочийы. Номинаци «Адæмон кафт»-ы не мзæххонтæ рамбылдтой дыууæ кары къорды. Уæлахиздзауты тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Икъаты Лимæ уæнгты ацы змæлд хоны «ирон плие». Кæддæр чызг бæллыди балеринæ суæвынмæ, ныр дæр у сценæимæ баст, куыд адæмон кафты ансамблы къорды уæнг, афтæ. Йæ уæздан уæнгты айст, раст цыма хæхты цъуппыты алыварс дымгæ кафы,- уый æнгæс. Уыцы рогдзинады æмбæхст сты бирæмæйон репетицитæ. Лимæйæн ныр у дыккаг конкурсон фæлтæрддзинад. Адæмон кафты Гран-При рамбулын у курдиат æвдисæг хæрзиуæг.
Кафты ахсджаиг у алы фезмæлд дæр. Къухты *вæрдæй райдай æмæ цæстæнгасæй фæуы. Уыцы хъуыддæгтæ сты уæлахиз аразæг, кафт зæрдæмæдзæугæ чи кæны, ахæмтæ, зæгъы Дзодзыккаты Дзамболат. Ансамблимæ артистæн бирæ уæлахизтæ бантыст. Уыдонæй иу, Сочийы цы фестиваль арæзт æрцыд, уый.
Æппæтуæрæсеон хореографион авады конкурс «Пересвет» цыд дыууæ боны. Архайдтой дзы бæстæйы 30 сфæлдыстадон къорды. «Хæхты сывæллæттæ» бацæттæ кодтой стыр программæ. Адæмон кафты ансамбль фæуæлахиз дыууæ хатты – дыууæ кары къорды нымад æрцыдысты хуыздæртыл.
Куыд фæзæгъынц, хохмæ ссæудзæн, йæ цъуппмæ йын чи тырны, уый. Кафты ацы æрыгон дæснытæ зонынц, уæлахиз сын фæллад уадзыны фадат нæ дæтты, уый сæ хоны ног æнтыстытæм. Тагъд рæстæг архайдзысты цæцæйнаг ансамбльтимæ иумæйаг концерты. «Хæхты сывæллæттæн» ацы аз у юбилейон. Коллективыл æххæст кæны 30 азы. Республикæйы зындгонддæр ансамбльтæй иуы базыры бын ис 100-мæ хæстæг æрыгон стъалыйы. Уыдон фыссынц сæ коллективы историйы ног сыфтæ.
