27 сентября 2019, 17:10
Ансамбль «Ир» бæрæг кæны йæ юбилей
Уыцы рæстæгмæ 10-гай артисттæ ногæй, арфдæр æнкъарæнтимæ бауарзтой национ кафт.
10 азы кафты уацары. Ансамбль «Ир» бæрæг кæны йæ юбилей.
Уыцы рæстæгмæ 10-гай артисттæ ногæй, арфдæр æнкъарæнтимæ бауарзтой национ кафт. Уыимæ, сæ курдиат æмæ сфæлдытадæй аивадмæ раздæхтой дунейы бирæ бæстæты æмæ горæтты цæрджыты æргом. Азербайджан, Гуырдзыстон, Турк. Ансамбль æппæтадæмон фестивальты уæлахиздзау иу æмæ дыууæ хатты не сси. Ансамблы аивадон разамонæг Джиоты Хасан раздæр куыста цирчы. Фæлæ йæ уый фæстæ бафæндыд йæхи ансамблæн бындур сæвæрын. Афтæмæй бирæ кафджыты ансамбльты хсæн равзæрди «Ир». Ацы сфæлдыстадон къорды цымыдисаг истори уæ бон фенæн уыдзæни Влада Мамедовайы документалон кинонывы. Хуыцаубоны телеканал «Россия 24»-йыл 13 сахатыл.
