Боны фæткмæ цы фарстатæ рахастой, уыдоны ахсджиагдæр уыд – егъау курорты фæндаггон инфраструкутрæйы арæзтады рæзт
Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд кусæг æмбырд, æмæ дзы ныхас цыд æппæт сезонты кусæг туристон-рекреацион комплекс «Мамысон»-ы арæзтады фæндаггон картæйыл. Æмбырды архайдтой «Кавказ.РФ»-ы генералон директоры хæдивæг Владимир Лапухин, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн, транспорты æмæ фæндаггон инфраструктурæйы Комитеты сæрдар Солиты Тариэль, стæй бæрнон структурæты минæвæрттæ. Боны фæткмæ цы фарстатæ рахастой, уыдоны ахсджиагдæр уыд – егъау курорты фæндаггон инфраструкутрæйы арæзтады рæзт. Дæллаг Зæрæмæгæй рекреацион комплексмæ фæндаджы арæзтад цæуы дарддæр. Йæ иумæйаг дæргъ у 14 километры. Мамысоны курорт у тынг ахсджиаг объект, йæ фæндаггон инфраструктурæйыл куыст цæуы æнæрлæугæйæ. Ныридæгæн ис æнтыстдзинæдтæ. Кæронмæ фæци тъунелы рацарæзт. Уый куы скуса, уæд фадат уыдзæн æндæр куыстытæ райдайынæн дæр. Ивгъуыд аз фесты фæндаджы уаццаджы рацарæзты куыстытæ. Ацы аз та бавнæлдтой иннæ уаццагмæ.
Æппæт профилон ведомствоты хъæуы хæрзхъæд æмæ афоныл куыстытæ кæнын. Уымæн æмæ Мамысон у егъау проект, æмæ йæм хъæуы лæмбынæг цæстдард. Фарста ис, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы бæрны, – загъта премьер Дзанайты Барис. Хицауады сæрдар ма бабар кодта, цы фарстатæ сæвзæрынц, уыдон æвæстиатæй лыг кæнын. «Мамисон» у акционерон æхсæнад «Кавказ.РФ»-ы разамындæй арæзт курорт. Территорийы ис хицæн экономикон зонæ. Æдæппæтæй дзы нысан кæнынц 3 мин куысты бынаты саразын.




