филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:55 воскресенье, 19 мая 2024
29 октября 2013, 11:07
Архиепископ Зосимæйы фæндонмæ гæгсæ, амалхъом адæймаджы æххуысæй Цæгат Ирыстонмæ сластой Мадымайрæмы дзуары ныв

Сæмбæлдысты йыл аэропорты. Уырдыгæй ацыдысты Беслæны 1-æм скъолайы спортивон залмæ. Уым æм уырнæг адæмæн фадат уыди бакувынæн æмæ йыл андзæвынæн.

Дзæуджыхъæуы æмæ Алайнаг архиепископ Зосимæйы фæндонмæ гæгсæ, амалхъом адæймаджы æххуысæй Цæгат Ирыстонмæ сластой Мадымайрæмы дзуары ныв.

Сæмбæлдысты йыл аэропорты. Уырдыгæй ацыдысты Беслæны 1-æм скъолайы спортивон залмæ. Уым æм уырнæг адæмæн фадат уыди бакувынæн æмæ йыл андзæвынæн. Знон дзуары ныв уыди Дзæуджыхъæуы сыгъдæг Георгийы аргъуаны. Абон æй аргъуыды фæстæ аласдзысты Хуссар Ирыстонмæ. Дыууæ боны фæстæ йæ ногæй æрбаласдзысты Дзæуджыхъæумæ, сыгъдæг Ильяйы аргъуанмæ. 2-æм ноябры та Мадымайрæмы дзуары ныв уыдзæн ирон аргъуаны.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania