18 февраля 2013, 11:42
Архитектурæ æмæ арæзтадон политикæйы министрады коллегийы радон æмбырды хатдзæгтæ скодтой арæзтадон комплексы ивгъуыд азы куыстæн
Æмбырд амыдта министр Алидзаты Хъазыбег. Архайдтой дзы Хицауады сæрдары хæдивæг Базраты Валентин, арæзтадон куыстуæтты разамонджытæ.
Æмбырд амыдта министр Алидзаты Хъазыбег. Архайдтой дзы Хицауады сæрдары хæдивæг Базраты Валентин, арæзтадон куыстуæтты разамонджытæ. 2012-м азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ къухы бафтыд саразын 205 мин квадратон метры цæрæнуæттæ, адæм райстой 802 ипотекон кредиты, паддзахад баххуыс кодта 58 æрыгон бинонтæн сæ цæрыны фадæттæ фæхуыздæр кæнынæн, 183 бинонтæ федералон закъонмæ гæсгæ райстой ног цæрæнуæттæ. Стыр æргом аздæхтой, аразджытæ сæ хæстæ кæм нæ сæххæст кодтой, уыцы объекттæм æмæ, Дзæуджыхъæуы Плиты Иссæйы номыл уынджы цы хæдзар аразынц, уым 40 фатеры æрцæудзысты лæвæрд. Ацы аз цы объекттæ араздзысты, уыдонæй кæронмæ хъуамæ фæуой Дзæуджыхъæуы 28-м скъола. Куыст цæудзæн иннæ объекттыл дæр.
Кцойты Хъазыбег, РЦИ-Аланийы архитектурæ æмæ арæзтадон политикæйы министры хæдивæг: «Ивгъуыд азы, паддзахад нæ размæ кæй æвæрдта, уыцы бæрæггæнæнтæ нæ къухы бафтыдысты. Фыццаджыдæр, цæрæнбынæттæ фылдæр радтам, сты асламдæр, цæмæй адæмæнæнцондæр балхæнæн уой, æмæ сæ цæрыны фадæттæ фæхуыздæр кæной. Ууыл архайдзыстæм ацы аз дæр. Уымæй уæлдай арæзтам коммуналон объекттæ дæр. Сæйрагдæр объекттæ сты доны хæтæлтæ хъæуты, уæлдайдæр хæхты. УЫмæй уæлдай ахуырады æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады объекте».
темæмæ гæсгæ




