филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:32 понедельник, 15 декабря 2025
24 марта 2014, 11:10
Архитектурæ æмæ арæзтадон политикæйы министрады уыд æмбырд

Ныхас дзы цыди бирæфатерон хæдзæрттæ адæмы æхцатæй аразыныл, сæ арæзтадмæ йе хца рагацау чи бахæссы, уыдоны бартæ бахъахъхъæныныл. Министры хæдивæг Кцойты Хъазыбег куыд бафиппайдта,

Архитектурæ æмæ арæзтадон политикæйы министрады уыд æмбырд
Ныхас дзы цыди бирæфатерон хæдзæрттæ адæмы æхцатæй аразыныл, сæ арæзтадмæ йе хца рагацау чи бахæссы, уыдоны бартæ бахъахъхъæныныл. Министры хæдивæг Кцойты Хъазыбег куыд бафиппайдта, афтæмæй ныртæккæ цæрыны уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн сæйрагдæр у фатертæ адæмæн сæхи фæрæзтæй аразын æмæ сын сæ бартæ хъахъхъæнын. Ахæм хæдзæрттæ ныртæккæ нæ республикæйы аразынц 25. Министрады специалисттæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй куыстытæ цæуынц закъонадон домæнтæм гæсгæ. Къуылымпыдзинæдтæ уыд куыстуæттæ «Промжилстрой» æмæ «Ормузд»-ы объекттимæ, æмæ уыдон дæр министрады разамынды руаджы иуварсгонд цæуынц. Цæмæй фидæны сайд макæуыл æрцæуа, уый тыххæй министрад æмбарын кæны адæмæн сæ бартæ.

Кцойты Хъазыбег, РЦИ-Аланийы архитектурæ æмæ арæзтадон политикæйы министры хæдивæг: «Ис закъон, кæцы кусы, цæмæй адæймагыл сайд ма ‘рцæуа. Абон адæймаг æхца бахæссыны размæ, куыстуаты хъуамæ базона, цал азы кусы арæзтады, цал хæдзары сарæзта, кæм сты, цæмæй хæдзæрттæ фена, базона, цы уавæры лæвæрд æрцыдысты. Æппæт ацы фарстатæ куы базона, куы бамбара сайд йыл не ‘рцæудзæн, уый, уæд йе ‘хца бахæссæд».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania