филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:44 воскресенье, 01 февраля 2026
08 декабря 2021, 13:17
Архонкæйы фыццæгæм скъолайыл сæххæст 110 азы

Зæгъæн ис, æмæ дзы бындурон цалцæг нæ цыди æнусы бæрц.

Архонкæйы фыццæгæм скъолайыл сæххæст 110 азы. Зæгъæн ис, æмæ дзы бындурон цалцæг нæ цыди æнусы бæрц. Ахуыргæнæндоны рацарæзты тыххæй скъолайы директор фехъусын кодта республикæйы Сæргълæууæгæн, йæ комкоммæ ныхасы рæстæг. Ныййарджытæ æмæ педагогтæ сæхи хъарутæй базилынц бæстыхаймæ, фæлæ уыцы куыстытæ фаг не сты. Уымæй дарддæр ма сывæллæттæн кабинетты вæййы уазал. Сергей Меняйло се ппæты зæрдыл æрлæууын кодта Уæрæсейы Президенты уагæвæрд. Уый фæрцы хъуамæ уавæр аива. Гуытъиаты Алинæйæн ныхасы бар.

Дыууынæм æнусы райдиан ацы бæстыхайы уыдис аргъуаны скъола. 1902 азы йæ разы скодтой ног скъола, фæлæ дзы фæстæдæр скодтой æфсæддон госпитæл. Революцийы фæстæ ацы ран байгом кодтой скъола. Уæдæй нырмæ дзы бирæ ивддзинæдтæ не рцыд.

Афæдз иу хатт скъолайы скæнынц цалцæггæнæн куыстытæ, фæлæ уыдон фаг не сты. Коммуникацитæ базæронд сты, пъолтæ дæр уæдæ нал бæззынц.

Скъолайы хæрæндон домы бындурон цалцæг. Ныртæккæ та кусынц карз уавæрты, фæлæ уæддæр се сконд хæринаг у хæрзад æмæ пайда — уыйимæ разы сты скъоладзаутæ.

Скъолайы ис ног спортивон зал, фæлæ йæ нырма эксплуатацийы нæма радтой. Фæлæ ног спортзалы рабæрæг сты аиппдзинæдтæ. Зæгъæм, мæнæ ацы асины æдасдзинад у уайдзæфы аккаг.

Раздæр физкультурæйы урочытæ цыдысты æппæты зæронд бæстыхайы. Ахæм  заууат уавæры уыдис, æмæ йын йæ пъолтыл суанг æфсæйнаг æмпъузæнтæ сæвæрдтой.  Йæ разы та фæллойы урочыты кабинет. Ам та хъармгæнæн нæй æмæ уымæй тынг тыхсынц сабитæ. Ахуыргæнæндоны кусджытæ æрвылаз сæхи тыхтæй скæнынц цалцæггæнæн куыстытæ. Уæдæ сын ныййарджытæ дæр сæ бон цæмæй у, уымæй баххуыс кæнынц.

Точка роста у Архонкæйы скъолайы æппæты ифтонгдæр кабинет. Ис дзы æцæг технолаборатори. Цалцæггæнæн куыстытæ та скодтой сæхи тыхтæй. Сывæллæттæ ацы кабинетмæ цæуынц зæрдиагæй. Куыд фæзæгъыц, афтæмæй нырыккон ифтонгарзимæ ахуыр кæнын бирæ цымыдисагдæр у.

Президент Владимир Путины бардзырдмæ гæсгæ, 2025 азмæ хъуамæ зæронд скъолатæ сеппæтдæр æрцæуой бындурон цалцæг. Архонкæйы фыццæгæм скъолайы кар нымайгæйæ зæгъæн ис æмæ æнхъæлмæ кæсын бирæ нæ бахъæудзæнис.  Нæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд бабар кодта, афтæмæй ахуырады министрад скъолаты директортæм хæццæ кæндзæнис, бындурон цалцæгы рад сæм кæд æрхаудзæн, уый тыххæй хъусынгæнинæгтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania