Фæндаггон кусджытæ фæллой кæндзысты Дзæуджыхъæуæй-Æрыдоны-Цыкола æмæ Лескен-2 фæндагыл
Архонкæйы иувæрсты цæуæг фæндаг сæхгæндзысты 3 мæймæ, цалцæггæнæн куыстытæ дзы кæй цæудзæн, уымæ гæсгæ. Фæндаггон кусджытæ фæллой кæндзысты Дзæуджыхъæуæй-Æрыдоны-Цыкола æмæ Лескен-2 фæндагыл. Уæзласæн транзитон транспортæн бæлвырд уаццагыл цæуæн нæ уыдзæн 1-æгæм августæй 30-æм октябры онг. Гуырдзыйы рдыгæй та цæуæн уыдзæн федералон уаццагыл Дзæуджыхъæуæй-Æрыдоныл æмæ Цыколайыл Лескен-2-йы фæндаджы 13-æм километрыл. Стæй Беслæны рдæм трассæ Р-217-ыл. Цæуæн ма уыдзæн тарссæ Р-298-ыл Æрыдоны æмæ Алагиры уылты. Рог машинæтæн та цæуыны бар уыдзæн Владикавказскийы уынгæй Архонкæйы станицæйы Шоссейныйы уынгыл. Рог машинæтæ æнцонæй цæудзысты станицæйы уынгты дæр. Цалцæггæнæн куыстытæ æххæст кæнгæйæ, фæндаггон кусджытæ баивдзысты фæндаджы бындур, сног кæндзысты асфальт. Ныры онг уал специалисттæ фæвæййынц информацион конструкциты монтаж. Уым бæлвырд фыст уыдзæн, цалцæггæнæн куыстыты мгъуыдмæ федералон трассæты маршрут.




