филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:24 суббота, 28 сентября 2024
24 августа 2021, 12:53
Архонкæйы станицæйы цæрæг Дементьевты бинонты зындзинæдтæ фæзындысты æвиппайды

Цыбыр æмгъуыдмæ баззадысты æнæ хæдзарæй

Архонкæйы станицæйы цæрæг Дементьевты бинонты зындзинæдтæ фæзындысты æвиппайды. Цыбыр æмгъуыдмæ баззадысты æнæ хæдзарæй. Бæстыхай басыгъд – уый иу, фæлæ арт кæдæм нæ бахæццæ, уый та тæрккъæвдайы рæстæг доны бын фæци. Ныртæккæ бинонтæ кæм цæрой, уый нæй. Рæстæгмæ æрбынат кодтой сæ сыхæгтæм. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Касаты Наирæ.

Владимир йæ цæссыгтæ зынтæй уыромы. Архонкæйы ацы хæдзар Деменьевты бинонтæ сæ кусæн бынатæй райстой 70-йæм азты астæу. Бирæ азты йæ дзаг кодтой алыхуызон хæдзары дзаумæттæй. Æхца райстой кредитæй, цæмæй балхæной хъæугæ дзаумæттæ. Æмæ алцæмæйдæр æнæхай фесты.

Зынгсирвæзты бон райдыдтой дæргъвæтин къæвдатæ. Цы ма сын дзы баззад, уыдон та хуылыдз ныиисты. Владимир æмæ Верæйы суазæг кодтой сæ сыхæгтæ, баххуыс сын кодтой, сæ бон цæмæй уыди, уымæй. Сæ чызджы йæ сывæллонимæ ацæуын бахъуыди æндæр горæтмæ. Уым цæрынц æххуырсгæ фатеры. Станицæйы администраци бинонтæн радих кодта 10 мин сомы, уый бæрц та районы администраци. Уыцы æхцайæ,  бинонтæ æртæ камазы дзаг сыгъдæттæ раластой бырондонмæ.

Ныр афæдз Деменьевты бинонтæ рахау-бахау кæнынц кæйдæр хæдзæртты. Иуæй-иу хатт сæ иу бахсæвиуат кæнын бахъуыди кæрты гом арвы бынмæ. Владимир инсульты фæстæ йæхимæ тыххæй æрцыди, Верæ куыста санитаркæйæ, цалынмæ йе нæниздзинад дзæбæх уыди, уæдмæ. Уый фæстæ йæ къух сисын йæ бон куы нал уыди, уæд æй бахъуыди йæ куыст ныууадзын.

Верæ йæ курдиат бахаста республикæйы фæллойы æмæ социалон рæзты министрадмæ, уым ын радтой дзуапп, искæмæн хæдзар радтыны хæс сыл нæй, зæгъгæ.

Пенсиисджытæ æдзух сæ хъуыдыйы дарынц сæ райдзаст хæдзар, æмæ сæ ныфс ис, сæ раздæры цардыуаг раздахын та сын кæй бантысдзæн, уымæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania