09 января 2013, 09:01
Арвы комы æмæ Транскамы фæндæгтæ сты æхгæд
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ дзы транспортæн ацæуæн нæй, бирæ мит дзы кæй æруарыд æмæ боныхъæд кæй февзæрдæр и, уый тыххæй.
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ дзы транспортæн ацæуæн нæй, бирæ мит дзы кæй æруарыд æмæ боныхъæд кæй февзæрдæр и, уый тыххæй.
Сæрмагонд уынаффæмæ гæсгæ фæндæгтæ сæхгæдтой 7-æм январы. Миты бæрзæнд дзы у метры бæрц. Ивгъуыд суткæйы Транскамы æрцыд 30 зæйæ фылдæр. Миты бын фесты æфсæддон хайады бæстыхæйттæ. Адæмы рагацау æдас ранмæ кæй аластой, уый тыххæй дзы хъыгдард ничи баййæфта. Буроны цур æмæ Уæллаг Ларсы кусынц хъармгæнæн пункттæ.
темæмæ гæсгæ




