филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:21 пятница, 11 июля 2025
19 июня 2014, 11:25
Арвыкомы фæндаг фæуæрæхдæр кæныны куыстытæ бацыдысты сæ тæмæны

Дзæуджыхъæуæй – Дæллаг Ларсы онг фæндаджы кæцыдæр хай фæнд кæнынц ацы азы октябры фæуын. 60 азы размæ кæй сарæзтой, уыцы трассæ хъæуы бындуронæй рацаразын. Цæмæй йæ

73070
Дзæуджыхъæуæй – Дæллаг Ларсы онг фæндаджы кæцыдæр хай фæнд кæнынц ацы азы октябры фæуын. 60 азы размæ кæй сарæзтой, уыцы трассæ хъæуы бындуронæй рацаразын. Цæмæй йæ фæуæрæхдæр кæной, уый тыххæй уал сфидар кодтой Терчы доны былгæрæттæ. Арвыкомы фæндаджы хай, æстæм æмæ цыппæрдæсæм километры хсæн фæуæрæхдæр уыдзæн авд метрæй – 10 метрмæ. Хицæн участокты та хæццæ кæндзæн 15 метры онг. Уый фæстæ фæндаг дзуапп дæтдзæн йæ категорийы домæнтæн.

Ацы фæндаг нарæг кæй у, уый зындзинæдтæ æййафын кæны канд машинæты шофыртæн нæ, фæлæ ма фистæгæйцæуджытæн дæр. Бындурон цалцæджы фæстæ та дзуапп дæтдзæн нырыккон домæнтæн. Арвы комы фæндаджы иу хай Дзæуджыхъæуæй Дæллаг Ларсы онг фæуæрæхдæр кæныны куыстытæ нысан кæнынц ацы азы октябры фæуын. Кæцыдæр хай ныридæгæн цæттæ у асфальтæй бамбæрзынмæ, æмæ йыл цæуæн дæр ис.

Карсанаты Таймураз ацы фæндагыл арæх фæцæуы. 40 тоннæйы уæзласæн машинæйæ карьерæй ласы доломит. Æмæ йын æхсызгон у, рæхджы шофыртæн ауылты цæуын зынгæ кæй фенцондæр уыдзæн, уый.

Карсанаты Таймураз: «Ам раздæр фæндаггон фыдбылызтæ бирæ уыд. Хорз у, кæй йæ цалцæг кæнынц, уый».

60 азы размæ цы фæндаг арæзт æрцыд, уый хъæуы бындуронæй рацаразын. Уымæн та хъæуы стыр куыст бакæнын. Кæддæр Терчы доны æмæ хæхты хсæн цы фæндаг уыд, уый ныр у æгæр нарæг. Цæмæй йæ фæуæрæхдæр кæной, уый тыххæй та бахъуыд доныбылгæрæттæ фидардæргæнæн куыстытæ бакæнын.

Николай Песьяков, РЦИ-Аланийы фæндæгты управленийы техникон хайады хицауы хæдивæг: «Сарæзтам къултæ. Се хсæн цы бынат ис, уым ныккалдзысты хуыр, æмæ уый фæрцы фæндаг фæуæрæхдæр уыдзæн. Мах кусæм арæнтæм хæстæг территорийы. Ныртæккæ архайæм Уæрæсе æмæ Фæскавказы хсæн транспорты нымæц фæфылдæр кæныныл. Уый та расайдзæн ног бакусинаг фарстатæ».

Арвы комы фæндаджы хай, æстæм æмæ цыппæрдæсæм километры хсæн, фæуæрæхдæр уыдзæн авд метрæй – 10 метрмæ. Хицæн участокты та фæуæрæхдæр уыдзæн 15 метры онг. Уый фæстæ фæндаг дзуапп дæтдзæн йæ категорийы домæнтæн. Уый та зынгæ фæбæрæг уыдзæн фæндаджы хæрзхъæддзинадыл.

Фидараты Маринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania