Фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы кусджытæ сывæллæттæн радзырдтой фæндаггон фæткы тыххæй.
Асфальтыл нывты конкурс арæзт æрцыд санаторий «Дзинага»-йы.
Фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы кусджытæ сывæллæттæн радзырдтой фæндаггон фæткы тыххæй. Мадзалы архайджытæн бар радтой скæнын, фæндаггон змæлды уагæвæрдттытимæ баст, ныв. Инспекцийы кусджытæ ма хистæртй ракуырдтой цæмæй ма рох кæной сæ сабитыл дзуапп кæй дæдтынц, уый. Инспектортæ сывæллæттæн радзырдтой фæндагыл цæугæйæ сæ сæхи цавæр хъуыддæгтæй хъахъхъæнын хъæуы. Бацамыдтой сын фæндаджы сæрты кæцы рæдты æмбæлы хизын, стæй велосипедыл кæм æмæбæлы цæуын уыдæттæ. Мадзалы кæронбæттæн æппæт архайджытæн дæр радтой лæвæрдтæ- газет «Добрая дорога детства» æмæ изæрыгон чи рухс кæны ахæм ми гæнæнтæ.




