филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:36 четверг, 02 мая 2024
10 апреля 2013, 17:47
Аст сæдæ æнæкоммерцион организацийæ фылдæр регистрацигонд æрцыд фарон Цæгат Ирыстоны. 2011-æм азимæ абаргæйæ уый у 25% фылдæр

Уый тыххæй Юстицийы министрады æмбырды радзырдта управленийы хицау Елдзарты Медея.

Республикæйы тæрхондæттæм æрвыст æрцыд 43 хъуыддаджы, цæмæй бауромой æнæкоммерцион организациты куыст.

Аст сæдæ æнæкоммерцион организацийæ фылдæр регистрацигонд æрцыд фарон Цæгат Ирыстоны. 2011-æм азимæ абаргæйæ уый у 25% фылдæр. Уый тыххæй Юстицийы министрады æмбырды радзырдта управленийы хицау Елдзарты Медея.

Республикæйы тæрхондæттæм æрвыст æрцыд 43 хъуыддаджы, цæмæй бауромой æнæкоммерцион организациты куыст. Уыдонæн фæрæзтæ `рвитынц фæсарæнтæй, уымæ гæсгæ сæм, куыд хардзгонд цæуынц, уымæ ис стыр цæстдард. Фæкъаддæр, нормативон-барадон актты цы хъæндзинæдттæ сбæрæг вæййы, уыдоны нымæц дæр. Зæгъæм, кæд 2009-æм азы иумæйаг нымæцæй уыдысты 8%, уæд ацы аз сты дыууæ хатты къаддæр. Юридикон консультацитæ кæнынмæ Минюсты кусджытæ ацæуынц республикæйы районтæм. Фарон ахæм æххуыс райстой 400 адæймаджы. Юстицийы министрады æмбырды архайдта республикæйы хицауады сæрдар Такъоты Сергей.

Бырнацты Заремæ, Дзæуджыхъæуы нотариалон зылды нотариус: «Мах абон æрæмбырд стæм, цæмæй аныхас кæнæм Юстицийы министрады хæрзхъæддзинады фæдыл. Юстицийы уæнгтæ æххæст кæнынц бирæ фарстатæ, Юстицийы министрады бæрны цы куыстуæттæ ис, уыдоны иумæйаг архайды руаджы, закъонтæй куыд пайда кæнын хъæуы, уыцы фæтк фæхуыздæр ис. Ныртæккæ цы фарстатæм æркастыстæм, уыдонæй та сæйрагдæр у коррупциимæ тох кæнын. Уыцы хъуыддаджы нæ куыст фæфылдæр ис».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania