филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:04 вторник, 16 декабря 2025
02 декабря 2021, 11:36
Астæуккаг медперсонал арфæйы фыстæджытæ райстой Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артурæй

Зæрдиаг арфæтæ сæмбæлдысты республикæйы онкодиспансеры, клиникон рынчындоны æмæ сывæллæтты клиникон рынчныдоны кусджытæ

Астæуккаг медперсонал арфæйы фыстæджытæ райстой Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артурæй. Зæрдиаг арфæтæ сæмбæлдысты республикæйы онкодиспансеры, клиникон рынчындоны æмæ сывæллæтты клиникон рынчныдоны кусджытæ. Депутат сын загъта бузныг, се нæзæрдæхудт фæллойы тыххæй, æмæ сын йæ зæрдæ загъта фыццаджыдæр æнæниздзинад æмæ ног æнтыстдзинæдтæ. Таймазты Артур ма аныхас кодта дохтыртимæ вакцинацийы тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй йæ зæрдæ дары, тагъд рæстæджы пандемия кæй фæуыдзæн, æмæ уæд дохтырты номыл арæзт кæй æрцæудзæн егъау кадджын æмбырд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania