Боны фæткмæ цы фарстатæ рахастой, уыдоныл бæстон æрныхас кодтой министрадты æмæ ведомствоты разамонджытæ, стæй районты администрациты сæргълæуджытæ
Хицауады Сæрдары хæдивæг – арæзтады æмæ архитектурæйы министр Атарты Георгийы разамындæй арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы сыгъдæггæнæн кусæнгæрзты рацарæзты фæдыл æмбырд. Боны фæткмæ цы фарстатæ рахастой, уыдоныл бæстон æрныхас кодтой министрадты æмæ ведомствоты разамонджытæ, стæй районты администрациты сæргълæуджытæ. Вице-премьер куыд фехъусын кодта, афтæмæй раздæр республикæйы Сæргълæууæг хицауады раз сæвæрдта хæс, Дзæуджыхъæуы æппæт сыгъдæггæнæнты егъау рацарæзтыл бакусын. Уыимæ нырыккон технологитæй пайда кæнгæйæ. Уый фæдыл фыст æрцыд бадзырд Центрон проектон-технологон институтимæ. Ныртæккæ цæттæ кæнынц бардæттæг гæххæттытæ. Дзæуджыхъæуы сыгъдæггæнæнтæ эксплуатацийы лæвæрд æрцыдысты ивгъуыд æнусы 80-йæм азты. Абон сæ хæстæ, куыд æмбæлы, афтæ нал æххæст кæнынц. Уымæ гæсгæ сæ хъæуы бындуронæй рацаразын. Экологон уавæр фæхуыздæр кæнæн уыдзæн æрмæст системæ сног кæнгæйæ, – загът Атарты Георгий.




