филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:17 воскресенье, 06 октября 2024
01 октября 2012, 21:15
Ацæргæ адæмы дунеон бон сбæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны дæр

Ацæргæ адæмы дунеон бон сбæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны дæр. Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд сæрмагонд акци.

Ацæргæ адæмы дунеон бон сбæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны дæр. Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд сæрмагонд акци.
Архайдтой дзы горæты скъоладзаутæ, стæй техникумты æмæ училищæты
ахуырдзаутæ. Æдæппæтæй 600 адæймагæй фылдæр. Дидинджытæ æмæ шартæ
лæвæрдтой, горæты уынгты цы ацæргæ адæмыл æмбæлыдысты, уыдонæн. Уыимæ
ма, сæ хæдзæртты бабæрæг кодтой æмæ бæрæгбоны арфæтæ ракодтой 200 ацæргæ
адæймагæн. Акци арæзт æрцыд фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты
министрады хъæппæрисæй. Ныридæгæн сси традицион, арæзт цæуы ныр фæндзæм
хатт.

Битарты Дианæ, акцийы архайæг: «Нæ буц
хистæртæ, нæ кадджын хистæртæ куыд зоной, хъуыды сæ кæй кæнæм. Цæмæй йæ
зоной, кæй сæ уарзæм æмæ сын мæ зæрдæ зæгъы амондджынæй, æнæнизæй,
æнæмастæй куыд цæрой».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania