РЦИ-Аланийы фæллойы æмæ социалон рæзты министрады хъæппæрисæй ацæргæ адæмы кадæн ирон театры арæзт æрцыд кадджын фембæлд.
Залы къух бакæнæн нæ уыд. Хистæр кары адæм бæрæгбонмæ ссыдысты республикæйы алы районæй.
РЦИ-Аланийы фæллойы æмæ социалон рæзты министрады хъæппæрисæй ацæргæ адæмы кадæн ирон театры арæзт æрцыд кадджын фембæлд.
Залы къух бакæнæн нæ уыд. Хистæр кары
адæм бæрæгбонмæ ссыдысты республикæйы алы районæй. Ирыстоны зындгонд
артисттæ сын сæ зæрдæтæ барухс кодтой рæсугъд зарджытæй, сывæллæтты æмæ
фæсивæды сфæлдыстадон къордтæ сын равдыстой сæ хуыздæр кæфтытæ.
Хæсты æмæ фæллойы ветерантæ, паддзахады
сæраппонд йæ цард чи не вгъау кодта, уыцы хистæртæ не мбæхстой се
нкъарæнтæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй сæхи тыххæй урæдтой цæмæй залы хъазт ма
саразой, уымæй.
Къаболаты Солтан, Рци-Аланийы ветеранты
Советы сæрдар: «Сæдæ азы размæ дæр, ныртæккæ дæр Ирыстоны адæмы æххуыс
кæм хъуыд – никуы йæ ничи бавгъау кодта. Кæддæриддæр уыдысты
раззагдæртимæ. Ацы бæрæгбон чи æрхъуыды кодта, уыдонæнæ та стыр бузныг.
Алкæмæн дæр уыд æхсызгон. Мæ зæрдæмæ ма уый фæцыд æмæ ахæм мадзæлтты
руаджы фæсивæд дæр базоныны сæ хистæрты. Æмæ махмæ кæсгæйæ, мах фæзмгæйæ
уыдон дæр рæсугъддæр, хуыздæр куы кæной, уæд уый тынг хорз хъуыддаг
уыдзæн. Афтæ куыд уа, уый мæн тынг фæнды».




