филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:00 среда, 17 декабря 2025
24 октября 2025, 10:38
«Ацæмæзы уадындз» ногæй азæлыд республикæйы сывæллæтты сфæлдыстады Галуаны

Ирон зарæджы конкурсы ацы аз архайдтой республикæйы алы районты 100 минæвары онг

«Ацæмæзы уадындз» ногæй азæлыд республикæйы сывæллæтты сфæлдыстады Галуаны. Ирон зарæджы конкурсы ацы аз архайдтой республикæйы алы районты 100 минæвары онг. Бæрнон жюрийы размæ рахастой 60 номыры онг, 4 номинацимæ гæсгæ: «Соло», «Дуэттæ», «Чысыл ансамбль» æмæ «Стыр ансамбль». Конкурсантты кар уыд 6 азæй 20 азы онг. «Ацæмæзы уадындз» ацы аз арæзт æрцыд 15-æм хатт. Мадзалы сæйраг нысан у – канд курдиатджын фæсивæды раргом кæнын нæ, фæлæ ма адæмон сфæлдыстады хуыздæр традицитæ бахъахъхъæнын. Конкурс саразыныл бакуыстой республикæйы сывæллæтты сфæлдыстады Галуан стæй ахуырады æмæ наукæйы министрад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania