филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:58 пятница, 02 октября 2026
02 октября 2026, 14:47
Ацæргæ адæмы бон сбæрæг кодтой республикæйы ветеранты Советы

Уазджыты хсæн уыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ, кадджын фæллойгæнджытæ, æхсæнадон кусджытæ

Ацæргæ адæмы бон сбæрæг кодтой республикæйы ветеранты Советы дæр. Уазджыты хсæн уыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ, кадджын фæллойгæнджытæ, æхсæнадон кусджытæ. Раздæр семæ уыд хъæрмуд ныхас, уый фæстæ та зæрдæмæдзæугæ концерт. Уазæгуаты сæм æрбацыдысты хъуыстгонд артисттæ, акодтой уарзон зарджытæ. Уымæй дарддæр хистæр кары адæмæн сæ бон уыд архивон хуызистыты равдыст фенын. Базонгæ ма сты æрмæдсныйады предметтимæ, нывтимæ, æндæр цымыдисаг предметтиммæ. Скодтой сæ ветеранты Хæдзары æрмдæсныйады къорды уæнгтæ. Мадзал саразджытæ куыд загътой, афтæмæй, хистæр фæлтæрыл аудын у сæйраг нысантæй иу.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania