филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:46 воскресенье, 01 февраля 2026
30 мая 2024, 12:15
Ацæргæ адæмы хæдзар «Узæлд»-ы чи ис, уыдоны цардмæ ирд ахорæнтæ бахæссыны тыххæй дзы арæх арæзт фæцæуы алыхуызон мадзæлттæ

Мадзæлттæ аразынæн раздахынц волонтерты æмæ артистты ргом

Ацæргæ адæмы хæдзар «Узæлд»-ы чи ис, уыдоны цардмæ ирд ахорæнтæ бахæссыны тыххæй дзы арæх арæзт фæцæуы алыхуызон мадзæлттæ. Ирхæфсæн фембæлдтытæ, хъæзтытæ, концерттæ, фотосесситæ, турниртæ. Æмæ æрмæст уый нæ. Мадзæлттæ аразынæн раздахынц волонтерты æмæ артистты ргом. Алчидæр сæ бацархайы ацæргæ адæмы зæрдæтæм рухс бауадзыныл. Не сфæлдыстадон къорд бабæрæг кодта, цæрджытыл кæм узæлынц, уыцы хæдзар. Ныхасы бар Чехойты Фатимæйæн.

Мариинаг театры филиалы солисткæ Кристина Деревянко йæ курдиатæй циндзинад хæссы ацæргæ адæм æмæ инвалидтæн. Уыдон ын йæ репертуаримæ зонгæ сты. Куы сæм æрбацæуы, уæд æхсызгонæй йæмæ фæзарынц.  Йе сфæлдыстадæй сын барухс кæны сæ зæрдæтæ.

Кристинæ ныр цыппæрæм концерт сарæзта ацæргæ адæмæн æмæ инвалидтæн. Фыццаг хатт æрбацыд ардæм епархийы минæвæрттимæ, æмæ сси волонтер. Уæд йе *мкусджытимæ сæ рæсугъд хъæлæсты азæлдæй фæрогдæр кодтой хуысгæ рынчынты уавæр. Ныр дæр та йæ репертуары хуыздæр зарджытæ кодта хæдзары иннæ цæрджытæн.

Кристинæ йæ зардæй ацæргæ адæмы барæвдыдта. Уыдон, æмæ ма суанг хæдзары кусджытæ дæр, йæмæ æхсызгонæй  истой сæ къамтæ.  Худтысты, кæрæдзийæн хъæбыстæ кодтой, æнгом бинонтау. Хъæлдзæгæй арвыстой сæ рæстæг. Циндзинад хæссынц волонтертæ ацæргæ адæмæн æмæ инвалидтæн.

Сылгоймæгтæн æхсызгондзинад хæссынц оперон зарджытæ, нæлгоймæгтæн та – шахмæттæ. Уыдонæй иутæ рагæй уарзтой шахмæттæй хъазын. Иннæтæ та сахуыр сты ам, уыдонмæ гæсгæ. Волонтерты куыст æмæ узæлдæн стыр аргъ кæнынц хæдзары цæрджытæ.

Сфæлдыстадон мадзæлттæн ис стыр ахадындзинад. Æхсызгондзинад хæссынц ацæргæ адæм æмæ инвалидтæн. Се *ххуысы хай сæм бахæссынц фæллойы æмæ социалон рæзты министрады кусджытæ дæр.

Цæрджытæн сæ цард фæрогдæр кæнынæн, куыстуаты арæзт цæуынц æппæт мадзæлттæ. Волонтертæ уыцы хъуддаджы сты хорз æххуыс. Уыдоны узæлд æмæ уарзон цæстæнгас бæхъарм кæны ацæргæ адæм æмæ инвалидты зæрдæтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania