26 ноября 2019, 18:31
Ацæргæ æмæ инвæлид адæмы хæдзар-интернаты уыд акци «Рæдау дыццæг»
Æххуысхъуаг, ацæргæ æмæ инвалид адæмæн æрбахастой, фыццаджыдæр царды цы хъæуы, ахæм лæвæрттæ.
Ацæргæ æмæ инвæлид адæмы хæдзар-интернаты уыд акци «Рæдау дыццæг». Чи дзы цæры, уыдонæн сарæзтой бæрæгбон – «Митын Дадайы райгуырд». Æххуысхъуаг, ацæргæ æмæ инвалид адæмæн æрбахастой, фыццаджыдæр царды цы хъæуы, ахæм лæвæрттæ. Гæрзтæхсæн, канцтовартæ, стъолыл хъæзтытæ, сфæлдыстады æмæ æрмдæсныйады хъæугæ фæрæзтæ. Акци цæудзæн 3-æм декабрьмæ.
темæмæ гæсгæ




