Фæлæ бирæ хæттыты сæ уавæртæ раппæлинаг нæ вæййынц. Иуæй-иу скъолаты хæрæндæттæ уæвгæ дæр нæй
Хорз ахуыр кæныны тыххæй хъарутæ хъæуынц. Ацы ахуыры азы райдианæй республикæйы скъолаты кæстæр кълæсты ахуырдзаутæн кусы лæвар тæвд хæринаджы системæ. Пайда дзы кæнынц 40 мин скъоладзауы. Фæлæ бирæ хæттыты сæ уавæртæ раппæлинаг нæ вæййынц. Иуæй-иу скъолаты хæрæндæттæ уæвгæ дæр нæй. Алагиры уавæр сбæрæг кæныны тыххæй уырдæм кусæг балцы ацыдысты Æппæтуæрæсеон адæмон фронты активисттæ. Цавæр хатдзæгтæ скодтой, уый тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Фидараты Маринæ.
Алагиры 5-æм скъолайы бындурон цалцæджы фæстæ иуæй-иу кусæнгæрзтæ, куыд æмбæлы, афтæ нæ кусынц. Уымæ гæсгæ, хæринаг куы фæцæттæ кæнынц, уæд сæ бахъæуы рудзгуытæ байгом кæнын. Уый та расайы зындзинæдтæм. Хæринаджы тæфмæ цæлгæнæнмæ æрбатæхынц бындзытæ. Уыдон та сты инфекци парахатгæнджытæ. Скъолайы хæрæндоны алы бон дæр фæхæрынц 300 сывæллоны. Хæринаггæнджытæ ма æппæтуæрæсеон адæмон фронты республикон штабы уæнгтæн радзырдтой, дзул сæм фаг кæй не рбаласынц, уый.
Дыккæгæм скъолайы та бон дыууæ хатты бахæрын кæнынц 280 сывæллонæн. Хæрæндон дзы уæвгæ дæр нæй. Баиу кодтой дыууæ къласы. Фæлæ сын уыдон дæр нæ фæфаг кæнынц. Скъолайы хæринаггæнæг Гуыбаты Эльзæ куыд радзырдта, афтæмæй сын ахæм уавæрты зын кусæн у.
Адæмон фронты уæнгтæ ма бабæрæг кодтой æртыккæгæм скъола. Ам дæр уыцы фарста лæууы карзæй.
Алагиры дыккæгæм æмæ æртыккæгæм скъолаты лыггæнинаг фарстаты тыххæй Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ фехъусын кæндзысты республикæйы разамындæн.
Уæвгæ, скъоладзаутæн афоныл æмæ хæрзхъæд хæринаг кæнын у ахсджиагдæр хъуыддæгтæй иу. Уымæй аразгæ у се нæниздзинад, æмæ куыд хорз ахуыр кæндзысты, уый. Афтæмæй ахæм рейдтæ арæзт цæудзысты дарддæр дæр.




