филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:35 суббота, 04 мая 2024
17 апреля 2013, 17:34
Ацы аз 29-æм октябры 95 азы æххæст кæны фæскомцæдис саразыныл

Уыцы организаци йæ рæстæджы стыр æвæрæн хаста нæ бæстæйы экономикæйы, хæдзарады æмæ культурæйы рæзтмæ, хъахъхъæнынады фарстатæм, иумæйагæй Советон Цæдисы хъомыс фидар кæнынмæ.

Ацы аз 29-æм октябры 95 азы æххæст кæны фæскомцæдис саразыныл. Уыцы организаци йæ рæстæджы стыр æвæрæн хаста нæ бæстæйы экономикæйы, хæдзарады æмæ культурæйы рæзтмæ, хъахъхъæнынады фарстатæм, иумæйагæй Советон Цæдисы хъомыс фидар кæнынмæ.

Уымæ гæсгæ, республикæйы Сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз бафыста уынаффæ, цæмæй афæдзы дæргъы республикæйы цæуой мидисджын мадзæлттæ ахсджиаг юбилейы кадæн. Уынаффæмæ гæсгæ, арæзт æрцыд организацион комитет, йæ уæнгтæ сты, фæскомцæдисы чæ фæкуыста, уыдон, министрадтæ æмæ ведомствоты минæвæрттæ, дзыллон информацийы фæрæзты разамонджытæ. Рагагъоммæ уал куыд нысан кæнынц, афтæмæй юбилейы кадæн арæзт æрцæудзысты спортивон ерыстæ, концерттæ, равдыстытæ хъæздыг архивон æрмæджытæй æмæ æндæр мадзæлттæ, цæмæй нæ паддзахады кадджын историйы фæзминаг цаутæ абоны фæлтæртæ хуыздæр базоной æмæ æрыгæттæн царды æххуыс кæной раст фæндагыл цæуынæн. Бæлвырддæр пълан хъуамæ хæстæгдæр рæстæг сфидар кæна республикæйы Хицауад.

Хадыхъаты Азæмæт, РЦИ-Аланийы Хицауады сæрдары 1-аг хæдивæг: «Мах цардыстæм иу паддзахады, Советон Цæдис кæй хуыдтой, уым. Уыдис нæм фæскомцæдис, ногдзауты организаци, парти, профцæдистæ æмæ æндæр иорганизацитæ. Ныртæккæ нал сты. Сæ фыдгой дæр кæнынц, фæлæ хорздзинæдтæ бирæ уыд. Æрыгон адæймагмæ-иу бадзырдтой æмæ йын-иу загътой, кæй хъæуы арæзтады, кæнæ æфсады, кæнæ та мæгуыртæн баххуыс кæныны. Уыдон æрымысын нæ хъуыдыты ис. Н æреспубликæйы Сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз дæр фæскомцæдисы бирæ фæкуыста æмæ рахаста уыцы уынаффæ, цæмæй бæрæгбон скæнæм».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania