филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:10 пятница, 10 мая 2024
04 марта 2013, 11:19
Ацы аз 90 сидзæр сывæллонæн фæнд кæнынц раттын фатертæ

Уый тыххæй хицауадон къамисы æмбырды радзырдта республикæйы фæллойы æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Гаситы Жаннæ.

Уый тыххæй хицауадон къамисы æмбырды радзырдта республикæйы фæллойы æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Гаситы Жаннæ.

Рады лæууы 700 сывæллонæй фылдæр. Уыдонæй 18 азы сæххæст 429-ыл æмæ сын уымæ гæсгæ ацы аз æмбæлы фатертæ раттын.

Къамис ма æркасти сидзæртæн æмæ, æнæ ныййарджытæй чи хъомыл кæны, ахæм сывæлæттæн уæлæмхасæн гарантиты тыххæй закъонмæ цы ивддзинæдтæ хаст æрцыд, уыдонмæ.

Ныр сидзæр сывæллæттæн цæрæнуæттæ дæттыны фарстатæ районы разамындмæ нал хаудзысты. Уыдзысты фæллойы æмæ социалон рæзты, исбонады æмæ цæрæн-коммуналон хæдзарады министрадты бæрны.

Æмбырды ма ныхас цыд, цы сывæллæттæн фатертæ радтой æмæ кæм цæрынц, уыдон цалцæг кæныны фарстайыл дæр. Иу фатерæн дихгонд цæудзæн 100 мин сомы. Цалцæггæнæн куыстытæн дзуапп дæтдзæн архитектурæйы æмæ арæзтадон политикæйы министрад.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania