филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:43 воскресенье, 01 февраля 2026
29 марта 2023, 11:05
Ацы аз æнæмæнг медицинон фæдзæхстады территориалон фонды бюджет сси 11 миллиард сомы

Ивгъуыд азы хатдзæгтæ æмæ хæстæгдæр дыууæ азмæ нысантыл æрныхас кодтой Хицауады æмбырды. 2022-æм азы фонды хæрдзтæ, æндæр азимæ абаргæйæ, фæкъаддæр сты 4%

Ацы аз æнæмæнг медицинон фæдзæхстады территориалон фонды бюджет сси 11 миллиард сомы. Ивгъуыд азы хатдзæгтæ æмæ хæстæгдæр дыууæ азмæ нысантыл æрныхас кодтой Хицауады æмбырды. 2022-æм азы фонды хæрдзтæ, æндæр азимæ абаргæйæ, фæкъаддæр сты 4%. Уый баст у, коронавирусы ныхмæ мадзæлттæн фиддонтæ кæй фæкъаддæр сты, уыимæ. Æмбырды ма ныхас цыд культурæйы фарстатыл: сывæллæтты куклаты театры техникон ифтонгдзинад, аивæдты скъолайы рацарæзт, стæй муниципалон театртæн æххуыс. Хицауады сæрдар Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй, паддзахадон программæтæ æххæст кæнгæйæ, ацы аз 600 милуан сомы радих кæндзысты культурæйы хæдзæртты ифтонгдзинадæн. Уымæй дарддæр, арæзтады министрад бацæттæ кодта, фыццаг разряды кусджытæн мызд сфидар кæныны проект. Уымæ гæсгæ хъуамæ суа 30 мины æмæ 832 сомы. Уый у нæ регионы рæстæмбис нымадæй 14 проценты фылдæр. Ныхас ма цыд туризмы къабазы субсидитыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania