филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:21 суббота, 31 января 2026
03 августа 2021, 12:39
Ацы аз Беслæны 8-æм училищæ сси Дзæуджыхъæуы базарадон-экономикон техникумы филиал

Каст æй чи фæци, уыцы фæсивæд ныридæгæн райстой дипломтæ

Ацы аз Беслæны 8-æм училищæ сси Дзæуджыхъæуы базарадон-экономикон техникумы филиал. Каст æй чи фæци, уыцы фæсивæд ныридæгæн райстой дипломтæ. Ног разамынд фæнд кæны училищæйы рагон традицитæ сног кæнын. Студенттæн аразынц æппæт æмбæлгæ уавæртæ. Ныртæккæ базарадон-экономикон техникумы беслæйнаг филиалы цæуы гæххæттытæ исæн куыст. Нæ уацхæссæг Томайты Батраз радзурдзæн бæлвырддæр хабæрттæ.

Анатолий æмæ Максим Власовтæ æрбацыдысты сæ гæххæттытæ бадæттынмæ. Бинонты хистæр йæхæдæг дæр ахуыр кодта Беслæны æстæм профессионалон училищæйы, ныр та æрбакодта йæ фырты. Кусæг дæсныйæдтæ кæддæриддæр хъæуынц, зæгъы нæлгоймаг.

Ацы аз Беслæны æстæм училищæ Дзæуджыхъæуы базарадон-экономикон техникумы филиал. Йæ рауагъдонтæ ныридæгæн райстой дипломтæ. Ног разамынд фæнд кæны училищæйы рагон традицитæ сног кæнын, æмæ уый тыххæй фыццаг къахдзæфтæ конд æрцыдысты.

Студентты ифтонг кæнынц тæвд хæринагæй. Куы бахъæуа, уæд сын бынæттæ ратдзысты æмдзæрæны дæр. Ис ма дзы уæлæмхасæн ахуырад дæр. Уый фæрцы та фæсивæд райсдзысты машинæ тæрыны бардæттæг гæххæттытæ.

Ныртæккæ базарадон-экономикон техникумы беслæйнаг филиалы гæххæттытæ исынц дыууæ хуызмæ гæсгæ: хæринаггæнæг æмæ кондитер, стæй арæзтадон куыст. Алы дæсныйады дæр фæйнæ дыууын фондз бынаты. Гæххæтытæ исдзысты фынддæсæм августы онг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania