Ацы аз фæндæгты арæзтадыл Цæгат Ирыстоны бахардз кодтой æхсæз сæдæ æстай милуан сомы. Æхцайы фылдæр хай радих кодтой республикон бюджетæй.
Ацы аз фæндæгты арæзтадыл Цæгат Ирыстоны
бахардз кодтой æхсæз сæдæ æстай милуан сомы. Æхцайы фылдæр хай радих
кодтой республикон бюджетæй. Уый тыххæй абон йæ пресс-конференцийы фехъусын кодта фæндæгты хæдзарады республикон комитеты сæрдар Габеты Хъазыбег.
Куыд загъта, афтæмæй, фæндæгты фонд
саразгæйæ, нæ республикæйы зынгæ фæхуыздæр фæндæгты арæзтады хъуыддаг.
Фондмæ æхца цæуы транспорты хъалонтæй, артаджы æмæ сæрдæн æрмæджы
акцизтæй, стæй федералон бюджеты субсидитæй. Фарон радих кодтой, цы
æмбæлы, уымæн æрмæстдæр йæ цыппар проценты. Афтæмæй та фæндæгтæн сæ
фылдæр дзуапп нæ дæттынц домæнтæн. Уымæ гæсгæ фонды куысты хатдзæгтæ
фенæн уыдзæн æртæ-цыппар азы фæстæ. Габеты Хъазыбег ма загъта, Цæгат
Ирыстоны ахсджиагдæр фарстатæй иу, фæндæгты реконструкци æмæ цалцæг кæй
у, уый.