18 февраля 2013, 11:46
Ацы аз фыццаг республикон ерыс мотоциклтыл дугъ кæнынæй арæзт æрцыд Фиагдоны
Бынæттон цæрджытæ, ацы спорты фæлтæрджын архайджытæ, алы ерысты уæлахиздзаутæ, Парсиаты Руслан, Сырхаты Артур æмæ Елхъанты Эдуард цалдæр мæйы размæ 1350 метры бæрзæнд хохы фахсыл сарæзтой ерысгæнæн фæндаг.
Бынæттон цæрджытæ, ацы спорты фæлтæрджын архайджытæ, алы ерысты уæлахиздзаутæ, Парсиаты Руслан, Сырхаты Артур æмæ Елхъанты Эдуард цалдæр мæйы размæ 1350 метры бæрзæнд хохы фахсыл сарæзтой ерысгæнæн фæндаг. Мотоциклтæй дугъы республикон ерысты архайдтой Кæсæг-Балхъары æмæ Стъарапъолы крайы спортсментæ дæр, фæуæлахиз сты не мзæххонтæ, Советон Цæдисы чемпионтæ Вячеслав Фисенко æмæ Сырхаты Артур. Дыккаг бынат бацахста Лолаты Марк. Гæнæн ис, æмæ ацы аз хаст æрцæуа мотоциклтæй дугъы Уæрæсейы иугонд командæмæ.
темæмæ гæсгæ




