филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:22 суббота, 28 сентября 2024
26 ноября 2020, 12:11
Ацы аз йæ 190 азы юбилейыл сæмбæлд Ирыстоны рагондæр æмæ кадджындæр хъæутæй иу Кæрдзын

Ис ын хъæздыг истори

Ацы аз йæ 190 азы юбилейыл сæмбæлд Ирыстоны рагондæр æмæ кадджындæр хъæутæй иу Кæрдзын. Ис ын хъæздыг истори. Ам æнгом бинонтау цæрынц алы адæмы хæттыты минæвæрттæ. Уæдæ Кæрдзын у бирæ зындгонд адæмы авдæн. Ам йæ фыццаг къахдзæфтæ акодта зындгонд поэт Хъамбердиаты Мысост дæр. Цы хæдзары цард, уый федта не сфæлдыстадон къорд дæр, æмæ ма базонгæ Кæрдзыны абоны фæлтæримæ дæр.

Хъамбердиаты Мысост, кæд хæрз æрыгонæй фескъуыд йæ цардæй, адзалы рохты бахауд, уæддæр йæ уды хъæдæй лæмæгъдзинад никуы равдыста, уæззау революцион рæстæджы уæз æй нæ асаста, нæ дзы сарæзта цагъайраг, фæлæ ацы уавæрты ныхмæ æрлæууыд, æмæ бавдыста адæмæн царды цы у ахсджиагдæр. Йе æмдзæвгæтæ ныридæгмæ сты ахадгæ æмæ актуалон, поэтикон уддзæфæй æххæст. Хуымæтæджы Хъамбердиаты Мысосты номыл преми лæвæрд не рцæуы ирон литературæйы æнтыстдзинæдты фæдыл.

Цард цæуы æмæ йемæ фарн хæссы. Уæдæ кæрдзыны хъæу дæр, кæд йæ фæстæ хъæздыг историон цаутæ ныууагъта, бирæ уæздан æмæ зындгонд адæмы скъомыл кодта, уæддæр абон йæ хъомылады фæндагæй нæ ахыст, фæлæ йæ амфамблайы хъæбысы рæзын кæны ног цардмæ тырнæг фæссивæд. Абон уыцы кæстæртæй бирæтæ аивады дæсныдзинад исынц хъæуы культуронæ хæдзары къонайы. Сæ курдиаты гуыдыртæ та сын гом кæнынц зæрдæхæлар æмæ дæсны ахуыргæнджытæ мæ хистæртæ.

Афтæ рауад æмæ мах Кæрдзыны куы уыдыстæм, уæд йæ 101 азы сæрты ахыст Калоты Мария æмæ кæй зæгъынæй йæ хуыздæр арфæтæ райста бинонты кæстæр Спартакæй.

Уæвгæ та Калоты бинонты ам чи нæ зоны ахæм нæй. Сæ фыд Додти æвзонг лæппуйæ ацыд цы фыддæр знагæй райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ æмæ бахæццæ суанг Берлинмæ. Абон кæд цардæгас нал у,уæддæр дзы Спарстак у сæрбæрзонд. Йæ мад Таирæйæ арæх фехъусы йæ кой.

Додти æмæ Уахидæт схъомыл кодтой рæсугъд кæстæрты, уыдонæй иу нæ республикæйы адæмон ртисткæ, адæмон кæфтыты ансамбль «Алан»-ы солисткæ Калоты Земфирæ

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania