филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:24 среда, 17 декабря 2025
29 января 2014, 16:51
Ацы аз Мæскуыйы уыдзысты Хетæгкаты Къостайы райгуырды 155 азы кадæн мадзæлттæ

Арæзт æрцæудзысты, 2014-æм аз Уæрæсейы культурæйы азыл нымад кæй æрцыд, уымæ гæсгæ. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы Хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг,

Ацы аз Мæскуыйы уыдзысты Хетæгкаты Къостайы райгуырды 155 азы кадæн мадзæлттæ. Арæзт æрцæудзысты, 2014-æм аз Уæрæсейы культурæйы азыл нымад кæй æрцыд, уымæ гæсгæ. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы Хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг,

Уæрæсейы президенты цур Цæгат Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Мæхъиты Зураб. Мæскуыйы цæрджытæ фендзысты поэты нывты равдыстытæ, йæ уацмыстæм гæсгæ ист кинонывтæ, арæзт æрцæудзæн Къостайы мысæн изæр. Цæгат Ирыстоны минæварады разамонæг куыд загъта, афтæмæй культурон æмæ спортивон цаутæй хъæздыг уыд 2013-æм аз дæр. Архайдтой Адырхаты Светланæйы юбилей бæрæг кæныны, студентон универсиадæйы, фæсивæдон театр «Амыран»-ы гастрольтæ æмæ æндæр ахсджиаг мадзæлттæ цæттæ кæныны хъуыддаджы. Мæхъиты Зураб куыд загъта, афтæмæй сæ цæст дарынц Ирыстоны фæсивæдмæ, Мæскуыйы уæлдæр скъолаты чи ахуыр кæны, уыцы студенттæм. Архайынц сын баххуыс кæныныл, цы фарстатимæ сæм æрбацæуынц, уыдон алыг кæныныл. Сæрмагонд куыст ма цæуы, республикæмæ уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг инвесторты `ргом раздаханыл дæр.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania