Ирыстон та ма сæрыстыр у уымæй, æмæ ацы иртæстыты центрæн разамынд кæй дæтты не мзæххон Хъамболты Марат
Ацы аз Националон иртæстыты центр «Курчатовы номыл институт» бæрæг кæны йæ равзæрды 80 азы юбилей. Бæстæйы ацы куыстуаты ахадындзинад егъау кæй у, уый зындгонд у. Ирыстон та ма сæрыстыр у уымæй, æмæ ацы иртæстыты центрæн разамынд кæй дæтты не мзæххон Хъамболты Марат. Уый канд йæ фæзминаг куыстæй зындгонд нæу, фæлæ йæ иузæрдиондзинадæй йæ райгуырæн хъæуы райрæзтмæ. Цавæр æвæрæн хæссы йæ райгуырæн хъæуы райрæзтмæ, уый тыххæй Сосранты Жаннæйы сюжеты.
Уымæй æхсызгондæр ма цы вæййы æмæ дын ахæм æмвæзады де мзæххонæн куы арфæ кæной. Абоны Курчатовы номыл националон иртæстыты центры сæргълæууæг, бирæ паддзахадон хæрзиуджыты хицау Хъамболты Аркадийы фырт Марат хуымæтæджы не сси, йæ рæстæджы, нæ Бæстæйы стырдæр хæрзиуджытæй иуы аккаг. Æрмæст йæ райгуырæн хъæу Хæзныдон барайдзаст кæнынмæ цы стыр æвæрæн хæссы, уый бирæйыл дзурæг у.
Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц – æнæзивæг сывæллонæй, фидæны æхсæнадæн пайдайаг адæймаг æнæрауайгæ нæй. Хъамболты Аркади æмæ Катяйы бийнонтæ Хæзныдоны уыдысты нымады. Кæд уыцы рæстæг цард æнцондæртæй нæ уыд, уæддæр архайдтой сæ æхсæз хъæбулы адæмы рæгъмæ ракæныныл.
Адæймаг цæры, адæм æй цалынмæ хъуыды кæной, уæдмæ. Абон, Хъамболты фарсмæ чи цард æмæ цæры, уыдон зæрдиагæй мысынц сæ дзæбæх сыхæгты.
Мады фæлмæн уыдæй æнæ фæхайджын уæвæн нæй йæ сывæллæтты дæр. Хъамболты Катяйы рæдау зæрдæ алкæддæр бæрæг уыд Хæзныдоны цæрджытыл. Библиотекæйы цы рæстæг куыста, уыцы рæстæг бирæтæн бауарзын кодта чиныг, уымæн æнæзивæгæй агуырдта гæнæнтæ.
Хæзныдоны хъæуы цæрджытæ ацы бирæсывæллонджын бинонты хæлар царды цыды тыххæй бирæ радзурдзысты, фæлæ сæйрагдæр та у сæ кадджын хистæрты фæллæйттæн сæ кæстæртæн аргъгæнæг æмæ сæ хъхъахъæнæг кæй сты.
Хъамболты Марат стыр хæрзты кæй цæуы йæ райгуырæн хъæуæн,районæн, уый æрмæст ныхæстæй бæрæг нæу, фæлæ хъуыддæгтæй. Фидæны фæлтæртыл хъуыды кæнгæйæ ма Марат басагъæс кодта фыдæлтæй байззæддаг историон бынат Кеты ахадындзинад бахъахъхъæнын æмæ йæ кæстæртæм фæхæццæ кæныныл бакусын. Кæлæддзаг обæуттæ барæвдз кæнын кодта, стæй дзы сисын кодта Малиты Георгийы поэмæмæ гæсгæ киноныв Темур Алсахъ. Уыцы цау сæ зæрды дарынц Хæзныдоны цæрджытæ, киноисæн рæстæг сын уæд бæрæгбонау.
Хъамболты Маратимæ иу хатт чи фембæла, æмæ йын йæ фæрнджын хъуыдытæй чи фæхайджын уа, уый æнæмæнг бамбардзæн ацы Ирыстоны хъæбулæй кæй уырны,алы фæлтæр дæр йæ райгуырæн бæстæ, йæ фыдыбæстæйы рæсугъд райдзаст цардмæ æвæрæн куы хæсса, уæд нæ фидæнæн æнæ рухс уæвæн кæй нæй.




