филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:15 суббота, 28 сентября 2024
03 марта 2020, 13:18
Ацы аз республикӕйы бюджетӕй фӕндаггон куыстытӕн радих кӕндзысты 150 милуан сомы

Дзӕджыхъӕуы фӕндӕгты дзыхъхъытӕ бамбӕрзынӕн та горӕты бюджетӕй радих кӕндзысты 22 милуан сомы

Ацы аз республикӕйы бюджетӕй фӕндаггон куыстытӕн радих кӕндзысты 150 милуан сомы. Дзӕджыхъӕуы фӕндӕгты дзыхъхъытӕ бамбӕрзынӕн та горӕты бюджетӕй радих кӕндзысты 22 милуан сомы. Уый тыххӕй Дзӕджыхъӕуы минӕвӕртты ӕмбырды сессийы фехъусын кодта финансон управленийы сӕргълӕууӕг Цокты Хъазыбег. Ӕнцонвадат горӕты программӕ сӕххӕст кӕнынӕн республикӕйы бюджеты снысан кодтой дыууӕ милуан сомы, ӕрыгон бинонтӕн цӕрӕнуӕттӕ раттыны программӕйӕн та ӕртын милуан сомы. Ацы аз Дзӕджыхъӕуы бюджеты фӕзындысты ног хӕрдзтӕ ӕфсӕддон ингӕнтæ рацаразын ӕмӕ саив кӕнынӕн. Ӕдӕппӕтӕй сын радих кодтой 351 мин сомы. Куыд фӕстӕдӕр, уыцы нысантӕн дӕтдзысты фылдӕр ӕхца, ӕмӕ 2022-ӕм азмӕ суыдзысты 8 милуаны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania