филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:51 четверг, 02 мая 2024
12 октября 2023, 11:48
Ацы аз республикæйы фæндаггон системæйы модернизацийæн æмæ райрæзтæн радих кодтой 5 миллиард сомы бæрц

Фæрæзтæ æрвыст æрцыдысты 85 объекты арæзтадæн, цалцæгæн æмæ рацарæзтæн. Уый тыххæй Президенты Цæгат Кавказы федералон зылды æххæстбарджын минæвары цур Советы æмбырды фехъусын кодта премьер Дзанайты Барис. Куыст арæзт уыд видеоконференцийы хуызы. Ныхас цыд, туризмы райрæзты стратегийы мадзæлттæ æххæст кæныны фарстатыл. Дзырдтой ма, хицауадон оргæнты æмæ барадхъахъхъæнæн структурæты архайды тыххæй фæндаггон змæлды æдасдзинад æххæст кæныны фæдыл. Дзанайты Барис радзырдта, уадзæн пункт «Уæллаг Ларсы» уылты электрон рады куысты хатдзæгты тыххæй. Фехъусын ма кодта, фæндаггон змæлды æдасдзинад уæлдæр кæныны мадзæлтты комплексы тыххæй дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania