филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:24 суббота, 28 сентября 2024
04 мая 2021, 11:50
Ацы аз республикæйы нысан кæнынц 37 æхсæнадон территоримæ æмæ 88 хæдзары кæртмæ базилын

Сæрмагонд программæ «Горæты æнцонвадат архайд» æххæст кæнгæйæ, баивдзысты асфальт, сæвæрдзысты нырыккон рухсгæнæнтæ, бандæттæ

Ацы аз нæ республикæйы нысан кæнынц 37 æхсæнадон территоримæ æмæ 88 хæдзары кæртмæ базилын. Алы объект дæр йæ хуыз цæхгæр аивдзæн. Сæрмагонд программæ «Горæты æнцонвадат архайд» æххæст кæнгæйæ, баивдзысты асфальт, сæвæрдзысты нырыккон рухсгæнæнтæ, бандæттæ. Бирæтæн хорз аивгонд территори сси сæ царды æнæивгæ хай. Фæлæ ис ахæмтæ, уыцы хъуыддагмæ чи бæллы, æмæ сæ радмæ чи æнхъæлмæ кæсы. Уыдонмæ хауынц Гагкайы-фырты уынджы 7-æм хæдзары цæрджытæ. Семæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Бокоты Виктория.

Ацы хæдзары цæрджытæн сæ бæллиц ахæм уæлмонц нæу. Сæ сæйрагдæр фæндон у, цæмæй сæ кæрты фæзыной ног бандæттæ. Фæлæ уал нырма ам фенæн ис æрмæстдæр стыр цъымаратæ, уæлдайдæр та – уарынты фæстæ. Гагкайы-фырты уынджы 7-æм хæдзар арæзт æрцыд 20 азы размæ. Уæдæй фæстæмæ йæ цæрджытæн æндæр гæнæн нæ вæййы, æмæ сæ кæрты алфамбылай территори сцалцæг кæнынц сæхæдæг. Карсанаты Азæ ацы хæдзары æрцарди, куыддæр æй эксплуатацийы радтой, уæдæй фæстæмæ. Куыд радзырдта, афтæмæй сæ кæртмæ такси баххуырсын тынг зын у, дзыхъхъыты тыххæй сæм ничи фæкомы. Уæдæ тагъд æххуысы машинæтæ дæр зынтæй бахæццæ вæййынц ацы адрисмæ.

5 азы размæ хæдзары цæрджытæ сæ курдиатимæ бацыдысты Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацимæ. Уæд сын зæрдæ бавæрдтой, бирæуæладзыгон хæдзар 2017-æм азы аивдзинады программæмæ кæй бахæсдзысты, уымæй. Фæлæ цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ цалцæггæнæн куыстытæ афтæ дæр конд не рцыдысты. Ныртæккæ та уавæрмæ сæ цæст дарын райдыдтой Æппæтуæрæсеон адæмон фронты цæгатирыстойнаг регионалон хайады специалисттæ.

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ ма æркастысты ацы уынджы иннæ хæдзæртты кæртыты уавæрмæ дæр. Сæ кæцыдæрты ныридæгæн райдыдтой цалцæггæнæн куыстытæ. Арæзт цæуынц сæрмагонд программæ «Горæты æнцонвадат архайд»-мæ гæсгæ. Уый æххæст кæнгæйæ, алы хæдзары кæрты дæр хъуамæ бындуронæй сцалцæг кæной фæндæгтæ æмæ къахвæндæгтæ. Уымæй дарддæр дзы хъуамæ фæзыной дизайнерон бандæттæ æмæ нырыккон рухсгæнæнтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania