Меню се ппæтæн дæр у иухуызон, фæлæ разындысты, хъуыддагæй разы чи нæу, ахæм адæм дæр
Ацы аз сентябрæй фæстæмæ нæ бæстæйы скъолаты системæйы æнæмæнг æххæстгæнæн хай сси – тæвд хæринаг. Уæрæсейы Президенты Указмæ гæсгæ, ахуырдзаутæ хъуамæ паддзахады хардзæй исой хæрзхъæд хæринаг. Меню се ппæтæн дæр у иухуызон. Фæлæ разындысты, хъуыддагæй разы чи нæу, ахæм адæм дæр. Ныййарджытæй иуы хъастмæ сæ цæст æрдардтой Æппæтуæрæсеон адæмон фронты активисттæ. Уыдон сбæрæг кодтой уавæр. Семæ рейды уыд не сфæлдыстадон къорд дæр, æмæ Сосранты Жаннæ радзурдзæн бæлвырддæр хабæрттæ.
Абон менюйы макъаронтæ карчы дзидзаимæ, дзул, нæлхæ æмæ дыргътæ. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæврттæ кæсынц Дæзуджыхæуы фæндзæм гимназы хæрæндоны нормативон гæххæттытæм, бæрæг кæнынц цæттæ хæринæгты хæрзхъæддзинад. Ардæм сæ цыды сæр уыд, ныййарджытæй сæм чидæр хъаст кæй æрбахаста, ома сывæллæттæн лæвæрд цæуы, уазал хæринæг, зæгъгæ.
Скъоладзаутæн хæринаг стъолтыл æвæрд æрцæуы рагагъоммæ. Уымæн æмæ сæ иу переменæмæ балæггад кæнын фæхъæуы 300 ахуырдзауæн. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ меню æппæт скъолатæн дæр иу кæй у. Аразы йе скъолатæн хæринаггæн комбинат. Уыимæ ныййарджыты бон у æрбацæуын хæрæндонмæ æмæ фенын, сæ сывæллæттæ цы æмæ цавæр хæринаг хæрынц, уый. Раст зæгъгæйæ, сæйраг домæн у – ныййарæгмæ хъуамæ уа санитарон чиныг. Хъыгагæн алкæйы аккаг суæвын зын у. Хæринаггæнджыты ныхæстæм гæсгæ макъаронтæ æмæ кæсагæй конд тефтелитæ бирæтæ нæ уарзынц. Сабитæ нæ зæрдиагæй базонгæ кодтой се нкъарæнтимæ.
48-æмæ скъолайы та скъоладзаутæн хæринаг дæттыны хъуыддаг сарæзтой дыууæ фæлтæрæй. Ам сæ баллæгад кæнын фæхъæуы 307 адæймагæн. Хæрды размæ æнæмæнг хъæуы къухтæ ныхсын. Фæлæ, скъолайы уыцы мадзал куыд арæзт у, уый нæ фæцыд адæмон фронты минæвæртты зæрдæмæ. Æхсæз къухтæхсæнæй кусы æрмæстдæр дыууæ. Къранттæ баивынæй зæрдæ бавæрдтой. Ацы скъолайы сывæллæттыл хæринаг сæмбæлы хъармæй. Сæ бынæтты куы рбадынц, уæд сын райдайынц се стъолтыл æвæрын хæринаг. Раппæлинæг у уый дæр, æмæ хæринагггæнджытæн кæй æххуыс кæнынц ахуыргæнджытæ.
Ацы æркасты фæстæ цы аипдзинæдтæ раиртæстой, уыдон иуварсгонд æрцæудзысты рæхджы. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ фæнд кæнынц дарддæр дæр кусын адæмы хъæстытæ æмæ курдиæттимæ.




