филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:08 пятница, 13 июня 2025
13 мая 2025, 10:35
Ацы аз Цæгат Ирыстоны байгом уыдзæн 159 лагеры. Аххæсдзысты 17 мин адæймагыл

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ

Ацы аз Цæгат Ирыстоны байгом уыдзæн 159 лагеры. Аххæсдзысты 17 мин адæймагыл. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. Æдæппæтæй, сывæллæтты фæлладуадзынæн дихгонд æрцæудзæн 150 милуан сомы. Алыбекты Эллæ куыд загъта, афтæмæй эксперименты хуызы ацы сæрд сывæллæттæн скæндзысты алывæрсыг меню. Кæд ахуырдзауты зæрдæмæ фæцæуа, уæд сентябры республикæйы скъолаты фæзындзæн хæринаджы хыгъд равзарыны фадат. Хицауады сæрдар Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй адæм хъаст кæнынц æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрады колл-центры куыстæй, стæй тагъд æххуысы бригад æрæгмæ кæй фæцæуы, уымæй. Бахæс кодта, ацы къабазы куыстмæ карздæр цæстæй æркæсын. Къуыримæ тагъд æххуысы станцæ райста 4 мины 150 курдиаты. Аппаратон æмбырды ныхас цыди республикæйы санитарон уавæрыл дæр. Æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрад рабæрæг кодта 79 æнæзакъон бырондоны, 26 дзы скуынæг кодтой, иннæтыл дæр куыст цæуы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania