филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:26 суббота, 31 января 2026
10 января 2026, 12:06
Ацы аз Цæгат Ирыстоны базилдзысты 40 æхсæнадон тыгъдадмæ

Тезгъогæнæн аллейæтæ, нырыккон рухсытæ, цъæх фæлыст æмæ æндæр объекттæ фæзындзысты республикæйы хъæуты æмæ горæтты

Ацы аз Цæгат Ирыстоны базилдзысты 40 æхсæнадон тыгъдадмæ.  Тезгъогæнæн аллейæтæ, нырыккон рухсытæ, цъæх фæлыст æмæ æндæр объекттæ фæзындзысты республикæйы хъæуты æмæ горæтты. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта Сергей Меняйло. Ацы куыст æххæстгонд цæудзæн национ проект «Цардæн инфраструктурæ»-йы «Горæты æнцонвадат тыгъдад аразыны» программæмæ гæсгæ. 2019-æм азæй Цæгат Ирыстоны аивгонд æрцыд 200 æхсæнадон территорийæ фылдæр. Парктæ, сквертæ, фæзтæ, фистæгæйцæуæн зонæтæ æмæ кæртытæ сног кодтой цæрджытæн сæхи фæндонмæ гæсгæ – алчидæр сæ йæ хъæлæс радта Æппæтуæрæсеон онлайн-хъæлæс кæныны рæстæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania