филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:15 суббота, 28 сентября 2024
14 мая 2021, 11:53
Ацы аз Цæгат Ирыстоны мин фæкæсынхъуаг бинонтæй фылдæр райсдзысты социалон æххуыс

«Мæгуырдзинадимæ тохы» программæ æххæст кæнынæн радих кодтой 151 милуан сомы

Ацы аз Цæгат Ирыстоны мин фæкæсынхъуаг бинонтæй фылдæр райсдзысты социалон æххуыс. «Мæгуырдзинадимæ тохы» программæ æххæст кæнынæн радих кодтой 151 милуан сомы. Адæмæн сæ бон у паддзахадимæ социалон контракттæ бафыссын. Афтæмæй сын фадат ис куыст ссарынæн, хи хъуыддаг байгом кæнынæн, кæнæ та хæдзарад фæпарахатдæр кæнынæн. Ахæм фадатæй спайда кодтой Баскаты бинонтæ Красногорæй. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Æнæ хи хæдзарадæй Баскаты бинонтæн, куыд фæзæгъынц, сæ цард ад нæ кæны. Кæддæр бафæлвæрдтой горæты цæрын – Краснодары, фæлæ сæ райгуырæн зæхх сæхимæ тынг æлæвста, æмæ æрыздæхтысты Ирыстонмæ. Уæдæй фæстæмæ сæ хæдзарад райдыдта парахат кæнын. 5 мæйдзыд Мартæ афæдз æмæ рдæджы фæстæ райдайдзæн æхсыр æмæ ног фæлтæр дæттын. Зойкæ та фæраздæр уыдзæн. Хæдзарон фосы самал кодтой «Мæгуырдзинадимæ тохы» программæмæ гæсгæ. Баскаты бинонты хъомыл кæны 3 сывæллоны, æмæ ма хæдзарон фос дарын æнцон хъуыддаг нæу.

Сæ мадæн зæрдиагæй æххуыс кæнынц дыууæ лæппуйы æмæ чызг. Уыимæ ма скъолайы дæр хорз ахуыр кæнынц. Хистæр фырт Ирыстон фосмæ хæстæг никæйы уадзы, уарзы сæм йæхæдæг зилын.
Ацы фынджы уæлхъус бадгæйæ, бинонтæ хорз æмбарынц хи хæдзарадæй хойраг цы пайда хæссы, уый.
Хъæуккаг цард зындзинæдтæ дæр хæссы, зæгъынц Баскатæ. Æппынæдзухдæр хъæуы фæллой кæнын. Фæлæ уый нæ хынцгæйæ, сæ зæрдæ дарынц, сæ хæдзарад сын æфтиаг кæй хæсдзæн, ууыл. Ныридæгæн уал Баскаты хæдзары конд ирон цыхтæн аргъ скодтой хæстæгдæр хъæуты цæрджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania