филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:18 пятница, 03 мая 2024
08 апреля 2021, 14:27
Ацы аз цалдæр юбилейы бæрæг кæнынц, нырыккон царды ахсджиаг чи у, ахæм службæтæ

60 азы æххæст кæны телеуынынадыл, 90 азы та нæ республикæйы радио куы фæзынди, уæдæй нырмæ

Ацы аз цалдæр юбилейы бæрæг кæнынц, нырыккон царды ахсджиаг чи у, ахæм службæтæ. 60 азы æххæст кæны телеуынынадыл, 90 азы та нæ республикæйы радио куы фæзынди, уæдæй нырмæ. Уымæй дарддæр ма 20 азы та сæххæст Уæрæсейы телевизион æмæ радиохъусынады хызыл. Ацы ахсджиаг юбилейтæм цæттæ кæныныл æмæ информацион технологиты рæзтыл æрныхас кодтой Сæлбиты Алан æмæ Æгъуызарты Роберт. Информацион технологиты æмæ бастдзинады Управленийы разамонæг стæй радио æмæ телеуынынады сигналдæттæг центры сæргълæууæг журналисттæн радзырдтой чырæ бастдзинады мæсыджы проект. Тагъд рæстæджы фæзындзæн Мамысоны. Оператортæн уыдзæн æппæтæй хуыздæр ран. Уымæй дарддæр ма суыдзæн комы зæрдылдарæн бынат. Арæзт æрцæудзæн национ стилы, æмæ йæ саив кæндзысты аив рухсгæнæнтæй. Уæрæсейы уый уыдзæн фыццаг ахæм проект. Фембæлды архайджытæ ма куыд радзырдтой, афтæмæй мах уыдыстæм фыццæгтæ, нæ бæстæйы 10 азы размæ нымæцон телеуынынад кæм скуыста. Ныртæккæ та нымæцон телеуынынад апарахат нæ бæстæйы 99 проценты цæрджытыл. Ног къæпхæнмæ ацы аз рацæудзæн Ирыхъæуы ног телерадиомæсыджы арæзтад. Бындур ын сæвæрдтой 4 азы размæ, фæлæ цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ процесс рæстæгмæ баурæдтой. Ног проект та дзуапп дæтты æдасдзинады æппæт домæнтæн. Саив кæндзæн Дзæуджыхъæу сæрмагонд рухсгæнæнты фæрцы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania