филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:59 понедельник, 15 декабря 2025
19 марта 2014, 17:12
Ацы аз цы фарстатæ хъæуы алыг кæнын, стæй ирон адæмы 8-æм съезды æмгъуыд сбæрæг кæныныл абон ныхас цыд æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр ныхас»-ы Координацион Советы

Архайдтой дзы Дзæуджыхъæуы æмæ районты Советы уæнгтæ. Æмбырд райдыдта минут æдзæмæй алæугæйæ, афтæмæй æрымысыдысты, 15 азы размæ базары терракты амæттаг цы адæм баисты, уыдоны. Регламентмæ гæсгæ æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр ныхас»-ы сæрдар Басаты Барис

Ацы аз цы фарстатæ хъæуы алыг кæнын, стæй ирон адæмы 8-æм съезды æмгъуыд сбæрæг кæныныл абон ныхас цыд æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр ныхас»-ы Координацион Советы
Ивгъуыд азы куысты хатдзæгтæ æмæ ацы аз цы фарстатæ хъæуы алыг кæнын, стæй ирон адæмы 8-æм съезды æмгъуыд сбæрæг кæныныл абон ныхас цыд æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр ныхас»-ы Координацион Советы.

Архайдтой дзы Дзæуджыхъæуы æмæ районты Советы уæнгтæ. Æмбырд райдыдта минут æдзæмæй алæугæйæ, афтæмæй æрымысыдысты, 15 азы размæ базары терракты амæттаг цы адæм баисты, уыдоны. Регламентмæ гæсгæ æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр ныхас»-ы сæрдар Басаты Барис хатдзæгтæ скодта ивгъуыд азы куыстæн. Фæбæрæг кодта, фарон цы хъомыладон куыст кодтой фæсивæдимæ, уый. Радзырдта, сæ хъæппæрисæй мыхуыры кæй рацыдысты, Ирыстоны историйæн ахъаз чи уыдзæн, ахæм чингуытæ. Фæлæ сæйрагдæр та у, фарон сæ архайдæй арæзт кæй æрцыд æппæтдунеон наукон конгресс «Этногенез æмæ Ирыстоны этникон истори».

Басаты Барис, Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр ныхас»-ы сæрдар: «Уый æрæмбырд сты ахуыргæндтæ Мæскуыйæ, Уæрæсейы наукæты академийæ 11-æй, Францийæ 6-æй. Венгрийæ. Хуссар Ирыстонæй, Цæгат Ирыстонæй ахуыргæндтæ. Æмæ йын стыр ахадындзинад ис нæ ирондзинад бахъахъхъæныл. Ноджыдæр ма бацæттæ кодтам чиныг «Памятники Алана-осетинской письменности». Стыр æмбырдтæ скодтам фæсивæдимæ».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania