филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:35 среда, 17 декабря 2025
05 апреля 2025, 11:04
Ацы аз Уæрæсейы бæстонæй бæрæг кæнынц Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азы

Цæгат Ирыстоны уыцы цаутимæ баст истори лæмбынæг хъахъхъæнынц

Ацы аз Уæрæсейы бæстонæй бæрæг кæнынц Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азы. Цæгат Ирыстоны уыцы цаутимæ баст истори лæмбынæг хъахъхъæнынц. Республикæйы ис бирæ мемориалтæ æмæ цыртдзæвæнтæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн. Уыдонæй æппæтæй егъаудæртæй иу у мемориалон комплекс «Барбашовы фæз». Ацы бынаты 1942-æм азы фæззæджы Сырх æфсады хæстонтæ тох кодтой алы квадратон метрыл дæр.

Ацы æфсæн салдаты корпусыл нæмгуытæй алы нос дæр у, ферох кæнын кæмæн нæй, ахæм истори. Тызмæг гаубицæйыл кæд рæстæджы фæд фæзынд, уæддæр нырма тасы æфтауы. Артиллерион хæцæнгарз уагъд уыд 1938-æм азы. Æфсæддон-техникон бæрæггæнæнтæм гæсгæ нымад у ветераныл. Кæддæр лæууыд фронты линийыл, знаджы дардмæ пырх кодта 12 километрмæ. Дæсгай азты фæстæ гаубицæ сси музейон экспонат мемориалон комплекс «Барбашовы фæз»-ы. Йæ фарсмæ легендарон «ИС-3». Танк «Иосиф Сталин» уыд Берлины Уæлахизы Парады архайæг.

Танкты ныхмæ сармадзан ЗиС-2 ма у историйы иу æвдисæн. Сырх Æфсæды салдæттæ йын стыр аргъ кодтой.

«Барбашовы фæз» байгом кодтой 7 азы размæ. Ацы музейæ фæстæмæ ма йæм хауы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырты хуызистыты аллея. Алкæмæндæр бæлвырд фыст у йе сгуыхтдзинад. Проект «Победа в лицах» у хæстон экспозицийы хай. Алы салдаты тыххæй информаци æмбырд кæныныл лæмбынæг куыст цыд.

«Барбашовы фæз»-æн ацы бынат хуымæтæджы нæ равзæрстой. Ам 1942-æм азы Джызæлы раз цыдысты карз тохтæ. 23-аздзыд сержант Петр Барбашов автоматчикты къордимæ хъуамæ æхсæн бынат ныппырх кодтаид æмæ знаджы дарддæр ма ауагъдтаид. Цæмæй йæ хæс сæххæст кæна æмæ йæ хæлæртты бахъахъхъæна, уый тыххæй æфсæддон йæхицæй сæхгæдта знаджы дзоты амбразурæ. Советон Цæдисы Хъæбатыры ном кæстæр сержант Петр Барбашовæн радтой йæ амæлæты фæстæ.

Мемориалон комплекс у уыцы дуджы æвдисæн. Афтæ кæсы, цыма хæстон экспонаттæ æмæ хъæбатырты хуызистытæ алкæйдæр хонынц, æрмæст истори хуыздæр базонынмæ нæ, фæлæ ма сабырдзинадæн æмæ сæрибардзинадæн цы стыр аргъ ис, ууыл ахъуыды кæнынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania