23 ноября 2021, 11:16
Ацы аз зындгонд ирон поэт æмæ тæлмацгæнæг Дзанайты Иваны райгуырдыл сæххæст 125 азы
Уый кадæн Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы хъæппæрисæй арæзт æрцыд фембæлд
Ацы аз зындгонд ирон поэт æмæ тæлмацгæнæг Дзанайты Иваны райгуырдыл сæххæст 125 азы. Уый кадæн Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы хъæппæрисæй арæзт æрцыд фембæлд. Бæстон дзы æрныхас кодтой Нигеры сфæлдыстадыл. Уый уыд йе сфæлдыстадон фæсномыг. Дзанайты Иваны сисы бынæй рацыд 5 поэмæйы. Уыдон ныридæгæн дæр ахуыр кæнынц скъолаты æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты. Йæ фæрцы ма ирон æвзагыл сдзырдтой Гетейы, Пушкины, Шевченко, Тургеневы æмæ æндæр зындгонд авторты уацмысты хъайтартæ. Республикæйы фысджыты Цæдисы уæнгты хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ Нигеры литературон бынтæ цæрой æнустæм. Уымæ гæсгæ фембæлды стыр æргом аздæхтой – рæзгæ фæлтæры хсæн Дзанайты Иваны сфæлдыстад парахат кæнын.
темæмæ гæсгæ




