филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:10 четверг, 18 апреля 2024
06 декабря 2022, 11:20
Ацы аз зындгонд паддзахадон архæйæг Лакуты Барисы райгуырдыл сæххæст 110 азы

Йæ сарæзт хъуыддæгтæ та ма абон дæр пайдйаг сты Ирыстонæн

Ацы аз зындгонд паддзахадон архæйæг Лакуты Барисы райгуырдыл сæххæст 110 азы. Йæ ном цæры. Йæ сарæзт хъуыддæгтæ та ма абон дæр пайдйаг сты Ирыстонæн. Барисы номыл арæзт æрцыд сæрмагонд мадзал, æмæ йæм хуынд æрцыд не сфæлдыстадон къорд дæр. Ныхасы бар Сосранты Жаннæйæн.

Лакуты Барисы рухс ном мысгæйæ! Цæгат Ирыстоны оперæ æмæ балеты паддзхадон театры, стæй Дыгурон драмон театры аивадон разамонæг Гергиты Ларисæ зæрдиагæй бацархайдта Ирыстоны зындгонд хъæбул, йæ уарзон мады фсымæр Лакуты Барисы цардвæндаджы хабæрттæ мадзалмæ æрбацæуджытæм фæхæццæ кæныныл.

Уæвгæ æндæр хуызы дæр хъуамæ куыд уыдаид. Ахæм дзырдзæугæ хистæры кадæй, кæстæры хъару дæр фылдæр кæны. Барисы фæрцы Ирыстоны фæзынд ног куыстуæттæ, кæцыты сарæзты ахадындзинад æмбæрста Лакуйы фырт. Сæ фæрцы, хæсты фæстæ, Советон Цæдисы республикæтæ, æххæстгонд цыдысты  сæрмагонд машинæтæ аразæн хæйттæй.   Чи йæ зыдта уыдоны, абон дæр ма, дисы æфтауы куыд зыдта машинæтæ аразыны технологитæ кæрæй кæронмæ, уый.

Бирæты фæндыд Барисы зондахасты бæрзæндтæм схизын, фæлæ цыколайаг лæппуйæн цардмæ бæллондзинад цы хъару лæвæрдта, уый алкæмæн нæ бантысы. Кæд Бæрисы æрыгон бонты ахуырыл хæст уæвын æнцон хъуыддаг нæ уыд, уæддæр ын бантыст Цыколайы фыццæгæм скъола фæуын. Уый фæстæ йæ зонындзинæдтæ фылдæр кодта кусæг фæкультетты Ростовы æмæ  Ленинграды, стæй сырх дипломимæ каст фæци Мæскуыйы Бауманы номыл уæлдæр ахуыргæнæндон. Йæ къахдзæфтæй æвдыста куыд тырны йæ царды нысанмæ, уый. Æмæ йын бантыст адæмы æнцондæр цардæн гæнæнтæ саразын.

Уæвгæ Барисы куысты фæндаг райдыдта Мæскуыйы уæззау машинæтæ аразæн заводæй. Уыд цехы сæргълæууæг, уый фæстæ йæ снысан кодтой, хæсты рæстæг фронтæн æрмæг чи арæзта, уыцы куыстуат «Красный Октябрь»-ы директорæй. Уыд Советон цæдисы министрты Советы электрон кусæнгæрзтæй æххæстгæнæн къамисы уæнг Цæгат Кавказы. Йæ Ирыстонæн та Лакуйы фырт сси индустриалон къабазы райрæзты рухсхæссæг. Уæлдай ахсджиаг уый уыд хæсты фæстæ хæдзарад ногæй къæхтыл слæууын кæнынæн. Йæ разамындæй республикæйы байгом кодтой 18 заводы — «Янтарь», «Гран», «Топаз», «Электроконтактор», Алагиры завод æмæ æндæртæ.  Канд  ОЗАТЭ-йы куыста æртæ мин адæймагæй фылдæр.  Ирыстоны арæзтадон цард йæ тамæны уыд Лакуты Барисы хуызæн куыстхъом адæмты фæрцы. Кокайты Барис æмæ  Батраз ын йæ ном сæнусон кодтой зараджы.

Лакуты Барис йæ цæст дардта, канд арæзтадон куыстуæттæм нæ, фæлæ ма æмхиц уыд сфæлдыстадмæ дæр. Йæ зæрдæмæ хæстæг уыд оперон аивад. Стыр æвæрæн бахаста Ирыстоны музыкалон театры райрæзтмæ. Уымæ гæсгæ, музыкалон–историон изæрты циклы фæлгæты арæзт æрцыд номарæн мадзал дæр. Номарæн изæр, абон дæр йæ фæллæйттæ республикæйæн пайдайаг кæмæн сты, уыцы Лакуты Тимофейы фырт Барисæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania